Гӕны фӕстиуӕг: Цхинвалы цӕрӕг бахауд фӕндагон-транспортон цауы

Цхинвал – Тъбет фӕндагыл шофыр авари куы сарӕзта, уый фӕстӕ сбӕрӕг кодтой, кӕй пайда кодта наркотикон буарадӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджытӕ ссардтой Цхинвалы цӕрӕджы хӕдтулгӕйы наркотикон буарад "Гӕн". Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы МХМ пресс-службӕ.

Хуссар Иры цӕрӕджы хӕдзары ссардтой гӕн

Тобӕгонд буарад ссардтой транспортон фӕрӕзы басгӕрсты рӕстӕджы, кӕцыйы шофыр сарӕзта фӕндагон-странспортон цау Цхинвал-Тъбет фӕндаджы фыццаг километрыл.

Афтӕ ма, уагдоны кусджытӕ ӕрурӕдтой столицӕйы 23-аздзыд цӕрӕджы, кӕцыйы хӕдтулгӕйы басгӕрсты рӕстӕджы ссардтой ӕууилгӕ тамако "Снюс"-ы 17 пакеты.

Цауты ӕууӕлтӕ бӕрӕг кӕны РХИ МХМ криминалон милици.