Хуссар Иры Кадетон скъолайӕн фӕзындзӕн ног бӕстыхай

Скъолайы ахуыр кӕнынц сӕдӕ кадетӕй фылдӕр – ног бӕстыхайы ахуырдзаутӕн сорганизаци кӕндзысты ӕххӕстаргъ ахуырадон процесс, уыдзӕн дзы фадат ӕхсӕв баззайынӕн дӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 янв – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады кадетон скъолайы ахуырдзауты ракӕндзысты ног бӕстыхаймӕ, радзырдта Sputnik уагдоны пресс-секретарь Чехойты Инга.

Хуссар Иры хъахъхъӕнынады министрады кадетты скъола хайад райста экологон акцийы

Кадетон скъола, куыд хъахъхъӕнынадон уагдоны структурон дӕлхайад, сарӕзтой 2011 азы. Ахуырадон процесс нырма уагъд цыд Цхинвалы раздӕры ӕвдӕм астӕуккаг скъолайы бӕстыхайы, кӕцы уый фӕстӕ радтой гимнази "Альбион"-ӕн. Фӕстаг рӕстӕджы кадеттӕ ӕрбынат кодтой "Мӕскуыйаг" микрорайоны фыццаг скъолайы бӕстыхайы. Ацы ран ма ахуырадон процесс уадзы рӕстдинон гимнази "Рухс".

"Фыццӕгӕм скъолайы ис тынг каннӕг уавӕртӕ, уыдис дзы ӕрмӕст дӕр ахуырадон кабинеттӕ, уый фӕдыл фадат нӕ уыд сорганизаци кӕнын ӕххӕстаргъ ахуырадон процесс", - загъта Чехойты Инга.

Ныр кадеттӕн цӕттӕ кӕнынц бӕстыхай Ирыхъӕуы (раздӕры Еред).

Хъахъхъӕнынады министрады бахахх кодтой, сывӕллӕттӕн кӕй сараздзысты алы уавӕртӕ дӕр ахуыр ӕмӕ цӕрынӕн – уыдзӕн дзы фадат ӕхсӕв баззайынӕн дӕр.

"Скъоламӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ сывӕллӕтты ласдзӕн кадетон скъолайы автобус", - загъта Чехойты Инга.

Хъахъхъӕнынады министрады нӕ фехъусын кодтой ног бӕстыхаймӕ рацӕуыны дырыс ӕмгъуыд.