Ӕрцæудзысты, фæлæ æрæгмæдæр: æрвитæггæгты балц Цхинвалмæ

AliExpress, Joom, Wildberries, La Redoute, ASOS-æй базайрæгтæ сты тынг популярон Хуссар Иры цæрджытæм, дард балцы кæройнаг пункт свæййы Дзæуджыхъæу, науæд та Цхинвал
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 янв — Sputnik, Плиты Фатимæ. Базарад тагъд темптæй тындзы интернеты тыгъдадмæ. Дарæс, техникæ, хæдзарон мигæнæн, канцелярон æмæ æндæр предметтæ балхæнæн ис Дард Скæсæн, Америкæ æмæ Уæрæсейы. Ацы лæггæдтæй æххæстæй спайда кæнæн ис Хуссар Иры дæр, фæлæ фæстиæттимæ.

Цхинвалы фæзынд интернет-лæггæдты фидыны терминалтæ

Цхинвалы дуканитæ рацух сты æлхæнджытæй, интернеты тыгъдады арæх æмбæлынц скидкæтæ, афтæ ма æлхæнæджы хæдзарæй æддæмæ хизын кæй нæ хъæуы, уый сæ скодта интернет-шопоголиктæ.

Лыстæг техникæ, дарæс æмæ аксессуартæ æлхæнынц AliExpress, Joom, Wildberries, La Redoute, ASOS æмæ æндæр интернет-дуканиты. Заказтæ постыл ракæнынц сæ дард балц дунейы бирæ бæстæтæй Цхинвалмæ. Хæццæ кæнынц дыууæ къуырийæ æртæ мæйы онг æмгъуыдмæ. Уымæй дарддæр посты уылты цæуынц телеграммæтæ, фыстæджытæ æмæ æрвитæггæгтæ.

"Фылдæр бæрцæй заказтæ цæуынц Китаййæ, фæлæ афтæ арæх нал. Адæмæн сæ ахуыр афтæ у æмæ ногдзинад куы фæзыны, уæд æм иууылдæр ныггуылф кæнынц, стæй та сæ ферох вæййы. Заказтæ Минводмæ куы æрхæццæ вæййынц, уæд сæм ацæуæм æмæ æртæ бонмæ вæййынц ам. Къуыри дыууæ хатты нæ "таблетка" æрцæуы Цхинвалмæ йедзагæй", - загъта Sputnik куыстуат "Постон-телеграфон службæ"-йы генералон директор Тыджыты Нодар.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, сæ службæ фылдæр товартæ кæны исгæ, æрвитæггæгтæ сты къаддæр.

"Нæ постон индекс у 100001, уый уылты рафыссæн ис товартæ дунейы алы къуымтæй, тобæ æвæрд цæуыл нæй, уымæй дарддæр. Проблемæ æрмæст сты йæ райсыны фæстæ бафидын кæй хъæуы, ахæм товартæ, уый та фылдæр бæрцæй баст у Уæрæсеимæ", - бафтыдта уый.

Ӕрцæудзысты, фæлæ æрæгмæдæр: æрвитæггæгты балц Цхинвалмæ

"Лæвæртты дукани мын уыд æмæ заказ кодтам Китаййæ Дзæуджыхъæумæ. Цхинвалмæ цыд заказ зынгæ фæстæдæр, кæцыдæр интернет-дуканитæй та Цхинвалмæ бынтондæр нæ уыд саразæн заказ. Бирæ зонгæтæ ныр сæ базарад уадзынц заказты руаджы", - загъта дуканийы хицау Азæмæт.

Интернет-æлхæды ма ис йæхи æппæрццаг фæзынд дæр - бирæтæ телефоны бæсты райсынц халва, дæндæгтæ æхсæн, æхсынæнты тыхтон æмæ æндæртæ, фæлæ уый æрмæст бынæттон фæзынд нæу.

"AliExpress-æй заказ кодтон Цхинвалмæ дæр, фæлæ цæуынц æрæгмæ, уымæ гæсгæ ма кæд исты рафыссын, уæддæр Дзæуджыхъæумæ. Уырдæм заказ цæуы дыууæ къуыри-мæй, Цхинвалмæ та мæйæ æртæ мæймæ", - радзырдта Цхинвалы цæрæг Олег Репухов.

Хацырты Зæринæ та заказ кæны интернет-дукани ASOS-æй, фæлæ уыдонæн дæр кæройнаг пункт у Дзæуджыхъæу.

Паддзахадон Дума сфидар кодта сразыдзинад Хуссар Ирыстонимæ постон бастдзинады къабазы

"Фондз азы размæ мæхицæн рафыстон дарæс, стæй ме ʻмбæлттæн, коллегæтæн, уый фæстæ сарæзтон интернет-фарс æмæ афтæ ацыд хъуыддаг. Заказ саразæн ис Цхинвалмæ дæр Уæрæсейы посты уылты", - дзуры Зæринæ.

Ацы фадыджы дунейы парахатæй цæмæй пайда кæнынц, уыдон нырма иууыл не ʻрхæццæ сты, заказтæ цæуынц фылдæр бæрцæй "Почта России"-йы уылты. Аннæ æхсæны посттæ æмæ организацитæн кæройнаг пункт раздæрау у Дзæуджыхъæу.