ЦХИНВАЛ, 21 дек — Sputnik. Паддзахадон Дума райста РХИ æмæ УФ-йы хицауады æхсæн сразыдзинады ратификацийы фæдыл закон æфсæддон фельдъегерон-постон бастдзинады къабазы, хъусын кæны РИА Новости.
2017 азы 31 марты Мæскуыйы цы сразыдзинад бафыст æрцыд, уый здæхт у æфсæддон фельдъегерон-постон бастдзинады къабазы уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг æмгуыстадæн барадон бындуры сырæзтмæ, цæмæй Хуссар Ирыстоны уæвæг уæрæсейаг æфсæддон базæйы дæлхайæдтæм цы æфсæддон корреспонденци цæуы, уый уа хъахъхъæд.
Сразыдзинад фадат дæтты, цæмæй Хуссар Ирыстоны уæвæг уæрæсейаг æфсæддон базæйы адресыл æрвитæггæгтæ рæстæгыл хæццæ кæной, уый тыххæй æмбæстагон авиаци, æфсæнвæндагон æмæ автомобилон транспортæй спайда кæнын.