Хуссар Иры театр хоны Уанеты Ӕхсары юбилейон изæрмæ

Сфæлдыстадон изæры фæлгæтты кæсæг хуыздæр базонгæ уыдзæн Адæмон артисты цардвæндаг, актерон æмæ режиссерон куыстытимæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 янв — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон театр хоны бæстæйы Адæмон артист æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист Уанеты Ӕхсары 70-азон юбилейы цытæн сфæлдыстадон изæрмæ. Мадзалы хайадисæг уыдзæн актер йæхæдæг, æвдыст цæудзысты спектакльтæй скъуыддзæгтæ, актертæ дзурдзысты сæ мысинæгтæ.

Хуссар Ирыстоны адæмон артист Уанеты Ӕхсар сценæйыл сæххæст кодта 50 фæлгонцæй фылдæр.

РХИ адӕмон артист Уанеты Ӕхсар: ӕрдз мӕ сывзӕрста сценӕйӕн

"Цыппæрæмы, 30 январы ПДТ сценæйыл ацæудзæн Уанеты Ӕхсары юбилейон изæр. Мадзалы режиссæр уыдзæн йæ коллегæ Хъæцæмæзты Фатимæ. Изæры бацархайдзысты курдиатджын актеры райхалын алыварсонæй, æвдыст цæудзысты Беппиты Изольдайы ист кадртæ. Актер йæхæдæг уыдзæн сценæйыл, йæ хæлæрттæ радзурдзысты сæ мысинæгтæ", - загътой пресс-службæйы.

Уанеты Ӕхсары сæххæстгонд фæлгонцты ахадгæ хай сты комедион, йæ карьерæйы тæмæн æрхауд ивгъуыд æнусы 90-æм æзты уæззау рæстæгмæ. Актер хъазыд сценæйыл, фæлæ йæ нæ рох кодта Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы хæс. Фæсспектакль-иу йæ хæцæнгарзимæ тындзыдта постмæ.

Уанеты Ӕхсар ма æмрæстæджы архайы Цхинвалы районы дæлбар уæвæг адæмон театры дæр. Уый зындгонд у куыд режиссер афтæ дæр, йæ куыстыты нымæцы "Расыггæнджытæ", "Чъребайаг сомихæгтæ" æмæ æндæртæ, æмткæй дæс спектаклы. Уыд 6-æм æрсидты депутат.