Цхинвалы ацыд Адӕмон артист Уанеты Ӕхсары сфӕлдыстадон изӕр

Хӕлӕрттӕ ӕмӕ коллегӕтӕ радзырдтой юбиляры цардӕй сӕ цымыдисон ӕмӕ ирд мысинӕгтӕ ӕмӕ цаутӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 31 янв - Sputnik. Цхинвалы, Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры ацыд Хуссар Ирыстоны Адӕмон артист Уанеты Ӕхсары 70-азон юбилейӕн нывонд сфӕлдыстадон изӕр. Мадзалмӕ фӕуазӕг бӕстӕйы сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий дӕр, хъусын кӕны йӕ пресс-службӕ.

РХИ адӕмон артист Уанеты Ӕхсар: ӕрдз мӕ сывзӕрста сценӕйӕн

Театры бирӕ ӕзты куысты дӕргъы Уанеты Ӕхсар ӕмӕ Хаситы Вильгельмы дуэт алыгъуызон рольтӕ сӕххӕст кодта, уыдон ссисты адӕмӕн уарзондӕр фӕлгӕнцтӕ. Сфӕлдыстадон изӕры фӕлгӕтты уыдон сӕххӕст кодтой уарзондӕр спектакльтӕй скъуыддзӕгтӕ: "Расыггӕнджытӕ", "Робинзонтӕ", "Сӕтти ӕмӕ Бӕтти".

Хӕлӕрттӕ ӕмӕ коллегӕтӕ радзырдтой юбиляры цардӕй сӕ цымыдисон ӕмӕ ирд мысинӕгтӕ ӕмӕ цаутӕ, афтӕ ма бакастысты юбиляры номыл бирӕнымӕц арфӕйы телтӕ.

Бибылты Анатолийы цӕрст дӕр юбилярӕн бауарзта бирӕ цӕрӕмбон ӕмӕ сфӕлдыстадон хӕрзиуджытӕ, афтӕ ма йын бакодта зӕрдылдарӕн лӕвар дӕр.

"Мах сӕрыстыр стӕм ахӕм артисттӕй, куыд Уанеты Ӕхсар, Хаситы Вильгельм, Гугкаты Эвелина, Галуанты Людмила, адӕмон артисттӕй, кӕцытӕ сӕ архайдӕй бӕрзонд кӕнынц театралон сфӕлдыстад. Уанеты Ӕхсары юбилейон изӕру махӕй алкӕй бӕрӕгбон дӕр", - загъта президент.
Цхинвалы ацыд Адӕмон артист Уанеты Ӕхсары сфӕлдыстадон изӕр

Юбиляр дӕр бузныг загъта театры коллектив, республикӕйы къухдариуӕгад ӕмӕ кӕсджытӕн, кӕцыты "тыхджын къухӕмдзӕгъд у алы артисты ӕнтыстджын ралӕуды ӕвдисӕн дӕр".