Разæсгарæг Пичъиджынæй: куыд зонынц Лохты Владимиры Хуссар Иры

Советон цæдисæн нывыл разæсгарæджы цы хъæу балæвар кодта, уый абон федзæрæг, хъæпæнты хсæнæй зынынц хъæдын хæдзæрттæ, хъæуы сæрмæ уæлмæрды къуылдымæй фæлгæсы йæ фыды ингæн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 фев – Sputnik, Плиты Фатимæ. Азы райдайæны Уæрæсейы разæсгарсты службæ раргом кодта цалдæр разæсгарæджы нæмттæ. Номдзыд æфсæддонты нымæцы бахауд Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Пичъиджыны хъæуæй рацæугæ Лохты Владимир (Мурман). Sputnik бацымыдис кодта цы зонынц Хуссар Иры дзырддзæугæ лæджы тыххæй.

Хъæуы уæлмæрды йе ʻнусон бынат ссардта разæсгарæг-нелегалы фыд Иосиф (Асан), Цхинвалы цæры йе ʻфсымæры фырт, ууыл дæр сæвæрдтой йæ ном – Владимир.

Разæсгарæг Пичъиджынæй: куыд зонынц Лохты Владимиры Хуссар Иры

Службæйыл æнувыд лæг бирæ рæстæг цард фæсарæнты дæр, фæлæ Советон цæдисы-иу куы уыд, уæд алыхатт дæр уардта рæстæг йæ чысыл райгуырæн бæстæмæ æрцæуынæн. Скодта бинонтæ, йе ʻмкъай ссис зындгонд уæрæсейаг фысссæг Лев Толстойы æввахс хæстæг.

Йæ райгуырæн хъæу æмæ бинонты ʻхсæн уый зыдтой Мурманæй, скъолайы фæстæ уый ацыд ахуырмæ Бакумæ, уым йæ æфсымæры лæппу Владимиры ныхæстæм гæсгæ, уый бахауд сæрмагонд структурæты хъусдарды бын.

Разæсгарæг Пичъиджынæй: куыд зонынц Лохты Владимиры Хуссар Иры

"Бирæ ʻвзæгтæ зыдта, æвæццæгæн, йын ахъаз уыдысты йæ архайды, куыста æввахс скæсæны хаххыл, 20 азы бæрц та цард æндæр номимæ, стæй йæ бинонтæ иууылдæр Мурманæй зыдтой, махæй йæ Владимир ничи хуыдта, уыйцы ном йыл æрфидар, æвæццæгæн, сæрмагонд стуктурæты кусгæйæ", - дзуры йæ æфсымæры лæппу Владимир.

Владимир схъомыл ис, ныры барæнтæм гæсгæ, бирæсывæллонджын бинонты хсæн – уыдысты цыппар æфсымæр æмæ иу хо - Иосиф, Вера, Владимир(Мурман), Шота æмæ Зауыр.

Разæсгарæг Пичъиджынæй: куыд зонынц Лохты Владимиры Хуссар Иры

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый йæ хæстæджы базыдта æхсæз аз ыл куы цыд, уæд.

"Уый размæ дæр йын йæ ном хъуыстон, фæлæ хъуыды кæнын куы ʻрцыд уый, рхаста лæвæрттæ, æнхъæлмæ кастыстæм мæскуыйаг конфеттæм. Стæм хатт цыд Ирыстонмæ – авд-дæс азы иу хатт иу къуырийы æмгъуыдмæ, стæй-иу мæхæдæг Мæскуымæ дæр куы ныццыдтæн, уæд дæр æй хæдзары стæм хатт ныййæфтон", - зæгъы Владимир.

Йæ хæстæджы мысинæгтæм гæсгæ, уый-иу куы рцыд йæ райгуырæн бæстæмæ, уæддæр ын бирæ рæстæг арвитын ам не ʻнтыст, номдзыд разæсгарæджы уæгъд нæ уагъта йæ куыст.

"Ӕстæм къласы куы ахуыр кодтон, уæд та æрцыд Ирыстонмæ. Æппæт хæстæджытимæ уæд æрæмбырд стæм æмæ ацыдыстæм æрдзы хъæбысмæ Чеселтгоммæ, уæд нырма рæстмæ фæндаг нæ уыд Дзæуджыхъæумæ дæр. Уалынмæ нæм фæуазæг сты милицийы формæйы адæм, æркодтой йæ Цхинвалмæ, уырдыгæй вертолетыл фæхæццæ кодтой Тбилисмæ, стæй та хæдтæхæгыл Мæскуымæ", - бафтыдта Владимир.

Радон фембæлд йæ номдзыд хæстæгимæ ацыд Мæскуыйы.

"Йæ фырт æмæ йæ хæлæрттимæ, уæд уый ахуыр кодта Ӕхсæнадæмон ахастыты мæскуыйаг институты, сæ дачæйы бадтыстæм. Изæрырдæм нæ уæлхъус балæууыдысты дыууæ волгайы. Абадтыстæм. Рабæрæг ис, уæд кæй нысан кодтой сæ æмкусджытæй иу советон хъайтары ном кæй райста, уый. Ӕз афтæ хъуыды кæнын æмæ уый расгухт Афганистаны Амины йæ бынатæй раппарыны операцийы ("Шторм-333") рæстæджы", - зæгъы Владимир.

Ӕцæгæлон хæст: цхинвайлаг разæсгарæджы афгайнаг кампани

Йæ райгуырæн хъæу Пичъиджыны Лохты бинонты тыххæй ма зæрдыл дары сæ фыды ингæн хъæуы уæлмæрды. Йæ галуаны хуыссы иунæгæй, йе ʻмкъай фæмард фæстæдæр æмæ йе ʻнусон бынат ссардта Цхинвалы уæлмæрды. Бынæттон цæрджытæ амонынц сæ цæрæнуæттæм, фæлæ уым фысымтæ сты æндæр адæм.

Ныр Пичъиджын хъæу дæр Ирыстоны аннæ хъæутау федзæрæг, уæлдайдæр та зымæгон бон. Фæндаг æм кæны Цхинвал-Знауыры трассæйæ Сиукъаты хъæуыл (Гъаристау). Фæстаг дыууæ километры фæндагыл цъиуызмæлæг дæр нæй. Бон раздæр фæндаг асгæрста трактор, фæлæ уый дæр хъæпæнтæй бамбæрзта. Хъæуы ма цæры цалдæр адæймаджы, уыдонæй æрмæстдæр Цхуырбаты Борис хъуыды кæны Лохты бинонты.

"Цыппар аз мыл цыд Асан куы амард, зыдтон ын йæ фырттæй цалдæры, Мурманы ном дæр хъуыстон, фæлæ йæ зæгъон зыдтон - уый раст нæ уыдзæн. Мæ хæдзары дæллаг фарс уыдысты сæ цæрæнуæттæ, фæлæ сæ раджы ауæй кодтой", - радзырдта уый.

Разæсгарæджы сгуыхтдзинæдтæй бирæтæн нырма дæр нæй раргом кæнæн, фæлæ дырысæй бæрæг у, уый кæй куыста Скæсæны ʻрдыгæй, йæ профессионалон архайды йын нæ уыд иу рæдыд дæр, нымад цæуы нывыл разæсгарæгыл.

Хуссар Ирыстоны Лохты Владимиры тыххæй нырма ис кадавар бæрæггæнæтæ. Национ музейы хистæр Зассеты Мерабы ныхæстæм гæсгæ, кæд бинонтæм разына фаг æрмæг, уæд сын рахицæн кæндзысты иу къуым музейы.
"Кæд бинонтæм исты æрмæг ис, уæд сæм æнхъæлмæ кæсæм – сараздзыстæм хицæн стенд. Уый уыд хъайтар, кæцыйы хъæуы зонын. Мæхæдæг дæр æй æрæджы базыдтон", - загъта Зассеты Мераб.