Ӕцæгæлон хæст: цхинвайлаг разæсгарæджы афгайнаг кампани

© Из архива Зозирова ЗурабаЗозиаты Зураб
Зозиаты Зураб - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зозиаты Зурабæн йæ афгайнаг цард ахаста дыууæ азы дæргъы, абон уый æцæгæлон хæст нымайы æнæхъуаджы фыдæбоныл

ЦХИНВАЛ, 25 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Раст цыппор азы размæ - 1979 азы  25 декабры советон æфсад бацыд Афганистанмæ. Ӕфсæддон интернационалистты нымæцы уыд дæсгай лæппутæ Хуссар Ирæй, се хсæн Зозиаты Зураб дæр.

Ӕвæлтæрд лæппуйæн хæстон дуне йæ дуæрттæ бакодта 1981 азы фæззæджы.

Йæ хæстон цард ахаста дыууæ азы дæргъы, абон уый æцæгæлон хæст нымайы æнæхъуаджы фыдæбоныл.

Цхинвалы ссардтой афгайнаг хæсты фæмардуæвджыты рухс нæмтттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ссардтой афгайнаг хæсты фæмардуæвджыты рухс нæмттæ

"1981 азы ноябры райдыдта мæ балц хæстмæ Цхинвалæй. Акодтой мæ Тбилисмæ, стæй Кироваканмæ (Ванадзор), уый фæстæ Кабулмæ. Уæдмæ каст фæдæн автоскъола, рацыдтæн æфсад", — радзырдта Зозиаты Зураб.

1981 азы фæззыгон æрсидты Афганистаны хæсты уыд 20 лæппуйы Цхинвалæй, хæстон фæсивæдмæ æнхъæлмæ каст æндæр æмæ æндæр хъысмæт, уыдонæй кæцыдæртæ Афганистанæй не ʻрыздæхтысты.

"Уыцы æрсидты уыдыстæм 21 лæппуйæ, пырх уыдыстæм хицæн бынæтты æмæ хайæдты. Уæд мæхæдæг цардтæн Массивы æмæ ма дзы зонгæ лæппу дæр уыд уым – Тыджыты Гулливер, уый уыцы хæстæй Ирыстонмæ нал æрæздæхт", — загъта Зураб.

Зозиаты Зураб, йæ афгайнаг хæст мысгæйæ, дзуры, зæгъгæ, æфсæддон городокæй æддæмæ нæ хызтызты, æрмæст дæр сæрмагонд операциты рæстæджы.

"Нæ батальонæн разамынад дæтта Мæхъæлы раздæры президент Аушевы æфсымæр. Бахаудтам ног дунемæ – фæйнæрдыгæй уыд хæсты уынæр, нæ алыварс æнæкæрон æдзæрæг быдыртæ æмæ цатыртæ", — мысы Зозиаты Зураб.

© Из архива Зозирова ЗурабаЗозиаты Зураб
Ӕцæгæлон хæст: цхинвайлаг разæсгарæджы афгайнаг кампани - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зозиаты Зураб

Зураб йæ батальоны уыд иунæг ирон, фæлæ-иу æндæр хайæдты фембæлд зонгæ адæмыл Ирыстонæй.

"Сыхаг дæлхайады Тедеты Алик уыд комендантон ротæйы, Дзабиты Алан уыд бастдзинады ротæйы, уый Афганистанæй æрыздæхт, фæлæ бабын ис Мæхъæлимæ хæстон операцийы рæстæджы", — хъынцъым кæны йæ хæстон æмгæрттыл уый.

Хæсты ветеран афгайнаг кампани нымайы иууыл æнæхъуаджыдæртæй иуыл.

"Цхинвалмæ знаг куы рбабырста, уыд æй зыдтам, цæуыл тох кодтам — нæ бинонтæ, нæ зæхх, æмгæрттæ æмæ райгуырæн бæстæйы сæраппонд, фæлæ уым та нæ фыдæбон уыд æнæхъуаджы. Стæй ма нæ бузныг дæр ничи фæцис", — банысан кодта уый.

Тымбыл фынг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ветерантæ-афгайнæгтæ Хуссар Ирыстонæй: мах тох кодтам рæстдзинады сæрыл

Советон цæдисы разамонæг Михаил Горбачевы стырдæр хорздзинад та, Зурабы хъуыдымæ гæсгæ, у æфсæдты раконд.

"Горбачев уыцы хорздзинад сарæзта — не ʻфсад нын уырдыгæй ракодта — æнæхъуаджы адæм нал цагъды кодтой. Сабырдзинады кой кодтой, фæлæ сабырдзинад советон æфсад дæр не ʻрхастой æмæ дзы абон дæр нæй", — зæгъы нæлгоймаг.

1986 азы уый, куыд Афганистаны хæсты ветеран, афтæ райста фатер Цхинвалы, микрорайон БАМы, ам хæстæг фæстæдæр фæзынд йе 'мхæстонтæн цырт, фæлæ уымæй дæр йæ зæрдæ нæ рухс кæны.

"Нæ хæдзармæ хæстæг Афганистаны хæстонтæн сарæзтой цырт, фæлæ уый дæр у æнæркаст. Фос дзы тезгъо кæнынц æмæ уымæй дæр зæрдæ æнкъард кæны. Стæй нын нæдæр льготæтæ ис, нæдæр уадисаджы кад", — балхынцъ кодта уый.

Ныридæгæн Афганистаны хæсты разæсгарсты ротæйы кусæг у бинонты хицау, фæллой кæны Хæрзарæзтады комбинаты, фæлæ ныртæккæ йе 'нæниздзинады аххосæй ис улæфты.

Ног хабӕртты лентӕ
0