Хъæу дыууæйæн: Борис æмæ Соняйы Пичъиджын

Бинонтæ цæрынц хъæрмудæй, ис сын чысыл къæбыла Пъиф-пъиф, уый дæр зымæгон уазалæй хатгай йæхи бааууон кæны хæдзары, суджы пец æнæвгъау уары хъарм, æддæйæ митæй хæссы сыгъдæг сатæг уæлдæф
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 фев – Sputnik, Плиты Фатимæ. Знауыры районы Пичъиджыны хъæуы цæрæг Цхуырбаты Борис бафæлмæцыд хъæууон иунæгдзинадæй æмæ уæлвæзæй фæлгæсы рбацæуæнмæ уазæгагур, хъæуы ма цы дыууæ хæдзар цæрынц, уыдон дæр фос нæ дарынц æнæ хæдзарад хъæуæн та йæ иувæрсты цæуынц бирæгътæ дæр.

Хъæу дыууæйæн: Борис æмæ Соняйы Пичъиджын

Хъæуы сæрмæ уæлвæзæй Пичъиджын армытъæпæны уынæгау зыны, хъæдын хæдзæрттæ миты хъæбысы, æрмæстдæр дзы дыууæмæ ис фæд, хъæумæ бацæуæны фæндагыл дæр æмбæлынц æрмæст сырдты фæдтæ.

Хуссар Ирыстоны æдзæрæг хъæутæй дисы никæй уал бафтаудзынæ. Ивгъуыд æнусы 90-æм æзтæй фæстæмæ республикæйы цæрджытæ лыгъдысты хæст, зæххæнкъуыст æмæ фыдцардæй фæсарæнтæм. Фæстаг дæс азы та Хуссар Иры хъæууон цардыл сæ къух систой æмæ адæм ивгъуыйынц горæтмæ. Хъæуты астæуккаг скъолатæ дæсгай - æссæдзгай ахуырдзаутыл банцадысты. Раздæры нæргæ хъæуты фысымтæ ма сты хъæддаг сырдтæ æмæ карджын адæм, кæцытæ горæттаг цард не ʻруарзтой.

Хъæу дыууæйæн: Борис æмæ Соняйы Пичъиджын

Цхуырбаты Борис æмæ Джиоты Соняйæн сæ зæнæг цæрынц Цхинвалы, фæлæ уыдонмæ дæр сты стæм уазæг.

"Ногаз нæ тыххæй сæхимæ ныссайдта мæ хистæр фырт, фæлæ дзы иу суткæ тыххæй бафæрæзтон. Цыма цæргæсау бæласы цъуппыл бадыс, уыйау уыдтæн фæндзæм уæладзыджы ахæсты", - дзуры Борис.

Бинонтæ сæ зæрдæ сивтой горæттаг цардыл, фæлæ хъæуы иунæгдзинадæй дæр тыхсынц.

"Ничи уал цæры хъæуы, мæ дыккаг хæдзæртты чындз ма нын ис сыхаг. Лæджы фæнды аныхас кæнын, абадын æмæ дзы адæм нæй. Къуыппæй æнхъæлмæ кæсын рбацæугæмæ, хæдтулгæйы хъæлæба куы æрбайхъуысы, уæд мæ зæрдæ хуры фарс абады", - зæгъы лæг.

Фыдæлты куырой, знæгты хæларад æмæ президентæн агитацигæнæг: куыд цæры Ӕрдзынарæджы хъæу

Таурæгъмæ гæсгæ, хъæуы советон дуджы алкæцы хæдзар дæр кодта мыддарды куыст, уымæй рацыд йæ ном дæр. Ныридæгæн дзы налдæр мыды куыст кæнынц, нал дæр фос дарынц. Лæг кусы хъæдгæсæй æмæ мысы æндæр рæстæджытæ: хъæуы куы цард 40 хæдзары бæрц, Пичъиджыны колхоз уыд куыстхъом, хъæуы алыварс та дæлвæз зæххы гæппæлтæ дæр уыдысты тыд.

"Ныр цард æнцондæр у, уый бæрц фыдæбон нал ис, фæлæ уæддæр уæд хуыздæр цард уыд. Хъыгагæн адæм фæивтой, уыцы хæлардзинад нал ис",- бафтыдта Борис.

Борис йæ царды хицæн рæстæджыты куыста монтерæй, хъæдгæсæй, аразæгæй, колхозы. Ныридæгæн уазджытæн уый мысы йæ раздæры цард, уæд-иу хъæу хъызт миты бын кодта.

"Фыд зымæг-иу скодта, иу ахæм бон ме 'фсымæры ус ацыд йæ цæгатмæ æмæ уыцы бон фæстæмæ æрыздæхт хæдзармæ фистæгæй. 1988 азы фыд зымæг уыд, сыхаг хъæуæй цыд мæ чындз – бынтон æвзонг сылгоймаг æмæ ма йæ хъæумæ чысыл куыд хъуыд афтæ йыл схъызыд. Хъæу ма рафæдис æмæ иу къуыри кодтам агургæ, стæй йæ рувас ракъахта æмæ йыл афтæ фембæлдыстæм", - бафтыдта лæг.

Бинонтæ цæрынц хъæрмудæй, ис сын чысыл къæбыла Пъиф-пъиф, уый дæр зымæгон уазалæй хатгай йæхи бааууон кæны хæдзары, суджы пец æнæвгъау уары хъарм, æддæйæ митæй хæссы сыгъдæг сатæг уæлдæф, Борис æмæ Соня та хонынц сæ æнæмæт дунемæ.