ЦХИНВАЛ, 11 фев - Sputnik. Ивгъуыд къуыри Хуссар Иры гриппæй рынчынты нымæц фæкъаддæр ис 57 проценты, уый размæ къуыримæ абаргæйæ, хъусын кæны "Югосетпотребнадзор"-ы пресс-службæ.
Уагдоны статистикæмæ гæсгæ, 2020 азы æхсæзæм къуыри фæрынчын ис 587 адæймаджы, уыдонæй 427 сты сывæллæттæ (73 проценты).
Рынчынты хсæн нæй уæззау уавæры адæм, науæд мæлæты цаутæ, бафтыдтой "Югосетпотребнадзор"-ы.
Цхинвалы сывæллæтты хсæн рынчынтæ æхсæзæм къуырийы, фæндзæм къуыримæ абаргæйæ фæкъаддæр сты 42 проценты. Нысан цæуы, ахæм хатдзæгтæм кæй æркодтой ахуырадон уагдæтты æмæ сабидæтты карантины баконд.
Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, 10 февралæй республикæйы столицæйы æппæт ахуырадон уагдæттæ кæй сног кодтой сæ куыст. Карантин ма ис 16 февралы онг районты кæцыдæр скъолатæ æмæ сабидæтты.