Хуссар Иры амалиуæггæнджытæ курынц хицауадæй аиуварс кæнын таможнæйон проблемæ

Таможæйы сæрты базайрæгты æрбаласты фæдыл пробемæтæ фыццаг аз не сты, фæлæ алыхатт дæр скъуыддзаг æрцæуынц æрмæстдæр рæстæгмæ. Цыппæрæмы амалиуæггæнджытæ фембæлдысты парламентарийтимæ, стæй та президенты администрацийы минæвæрттимæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 фев – Sputnik, Козаты Диана. Хуссарирыстойнаг амалиуæггæнджытæ цыппæрæмы æрæмбырд сты президенты администрацийы бæстыхайы цур Цхинвалы. Уыдон курынц, цæмæй сын хицауад баххуыс кæна цæгатирыстойнаг уадзæн пунк "Дæллаг Зæрæмæджы" уылты базайрæгты баластимæ проблемæ аскъуыддзаг кæнын.

ФТС: амалиуæггæнджытæ хъуамæ æххæст кæной таможнæйон уагæвæрд

Азы райдайæнæй та ногæй тобæ сæвæрдтой Хуссар Ирыстонмæ базайрæгты æрбаластыл. Проблемæ сæвзæры алы аз дæр, фæлæ бæстонæй скъуыддзаг нæ цæуы. Хуымæтæг ныхæстæй, таможнæйы сæрты товар нæ уадзынц, уымæн æмæ амалиуæггæнджытæм нæй  Таможнæйон Цæдисы домæнтæм гæсгæ æмбæлон документтæ. Амалиуæггæнджыты ныхæстæм гæсгæ, уыцы фæтктæ тынг зын æххæстгæнæн сты, уымæн æмæ домынц бирæ хæрдзтæ, уый та йæ фæстæ расайдзæн æргъты фæзынаргъ дыууæ, науæд та æртæ хатты.

"Нæ машинæтæй кæцыдæртæ уым лæууыдысты æнæхъæн къуыри. Ныртæккæ сæ куыддæрты рауагътой, фæлæ стыр фыдæбæттимæ - нæ базайрæгтæ ракалдтам чысылдæр машинæтæм, æхца бафыстам уаргъæвæрджытæн, афтæмæй", - дзуры амалиуæггæнджытæй иу.

Цасдæр рæстæджы фæстæ æрæмбырдуæвджытæм рахызт президенты администрацийы минæвар Джуссойты Алан, уымæн дæр  ракодтой сæ хъæстытæ.

Амалиуæггæнджытæн бамбарын кодтой, проблемæйы фæдыл РХИ таможнæйы хистæр Цхуырбаты Мурæт кæй уадзы бадзырдтæ йæ уæрæсейаг коллегæтимæ Минводты. Фарсты фæдыл ма кусæгон балцы Мæскуымæ ацыд экономикæйы министр Бекъойты Геннадий дæр.

Хуссар Иры амалиуæггæнджытæ курынц хицауадæй аиуварс кæнын таможнæйон проблемæ

Уый фæстæ та амалиуæггæнджытæ фембæлдысты парламенты спикер Тадтаты Алан æмæ цалдæр депутатимæ. Спикер дæр банысан кодта, фарсты фæдыл ма президенты хæслæвæрдмæ гæсгæ командировкæйы кæй ис хицауады сæрдар Пухаты Эрик дæр.

"Мæ бон уын ницы у зæгъын, цалынмæ уыдон фæстæмæ æрыздæхой, уæдмæ. Се 'рцыды фæстæ та æрæмбырд уæм æмæ райдзыстæм нæ фарстытæн бæстон дзуаппытæ", - бахахх кодта парламенты сæрдар.

Ныр ма уал та амалиуæггæнджытæ ныфсытимæ æнхъæлмæ кæсынц, цæимæ æрыздæхдзысты хицауады уæнгтæ Уæрæсейæ.