Цæгат Иры цæрæг ауæй кодта йæ фыды хæдтулгæ æмæ æхцатæй атезгъо кодта Мæскуыйы

Цауы фæстæ зианбаййафæджы æгуыст фырт ацыд уæрæсейаг столицæмæ, кæд æм, йæ ныййарджыты ныхæстæм гæсгæ, уыцы балцæн æхца нæ уыд, уæддæр. Уымæ гæсгæ полицийы кусджыты зæрдæ уайтагъддæр лæппумæ фехсайдта
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 фев - Sputnik. Цæгат Ирыстоны полицийы кусджытæ æрцахстой бынæттон 39-аздзыд цæрæджы, кæцымæ зæрдæ æхсайдта йæ фыды хæдтулгæ "Chevrolet Niva" адавды хъуыддаджы. Уый тыххæй хъусын кæны регионалон МХМ.

Дзӕуджыхъӕуы къӕрных адавта хӕдтулгӕтӕ ӕхсӕн

Раздæр полицимæ æрбацыд æрцахстуæвæджы фыд, кæцы фехъусын кодта йæ машинæйы адавды тыххæй. Полицийы кусджытæ сбæрæг кодтой, цауы фæстæ зианбаййафæджы æгуыст фырт кæй ацыд уæрæсейаг столицæмæ, кæд æм, йæ ныййарджыты ныхæстæм гæсгæ, уыцы балцæн æхца нæ уыд, уæддæр.

"Фæдагуырдон мадзæлтты фæстæ оперативон кусджытæ сбæрæг кодтой, Дыгургомы 39-аздзыд цæрæг йæ фыды автотранспорт кæй ауæй кодта Дзæуджыхъæуы 90 мин сомыл. Райсгæ æхцатæй ацыд Мæскуымæ æмæ сæ уым ныппаплой кодта. Фæстæмæ куы æрыздæхт, уæд æй æрцахстой полицийæгтæ", - радзырдтой уагдоны.

Нæлгоймаджы ныхмæ баконд æрцыд уголовон хъуыддаг статья "Адавд"-мæ гæсгæ, балхынцъ кодта мидхъуддæгты министрады кусæг.