Цхинвалмæ фæуазæг уыдзæн цирк Сочийæ

Сочийаг цирк ныр æртыккаг хатт æрцæудзæн Цхинвалмæ, ныр та уый æрхæсдзæн ног нывæзт - программæйы уыдзæн номыртæ ихыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 фев - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны сабитæн æртæ боны дæргъы Сочийы ихын цирк ауадздзæн равдысттæ. Сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæ æмæ сахъат сабитæ хуынд цæуынц æнæаргъæй, фехъусын кодта Sputnik цирчы администратор Юлия Варшавская.

Цхинвалмæ фæуазæг уыдзæн цирк Сочийæ

Сочийаг циркæн уый уыдзæн йе 'ртыккаг æрцыд Цхинвалмæ, ныр та уый æрхæсдзæн ног нывæзт. Коллектив Хуссар Ирыстонмæ æрцæудзæн Цæгат Кавказы йæ гастролон балцы фæлгæтты.

"Ӕртæ боны уыдзыстæм Цхинвалы. Алы æрцыдæн дæр бахæссæм ногдзинæдтæ нæ нывæзтмæ, номырты иу хай æвдыст цæуы ихыл. Цирчы уыдзæн ахуыр цæрæгойтæ – куыйтæ, маймулитæ, стай, енот, крокодил æмæ æндæртæ. Артистты командæйы ис 11 адæймаджы", - загъта администратор.

Уый ма банысан кодта, циркы ралæудты рæстæджы рамбулæн кæй уыдзæн призтæ дæр.

Цирк Цхинвалы уыдзæн 22-24 февралы. Равдысттæ цæудзысты культурæйы хæдзар "Совпроф"-ы.