Хуссар Ирӕй феддӕдуар кӕнинаг фӕсарӕйнӕгтӕ конд уыдзысты МХМ изоляторы

Парламенты ӕрныхас кодтой законмӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыныл, кӕцытӕ баст сты фӕсарӕйнаг ӕмбӕстӕгты феддӕдуар кӕныны размӕ рӕстӕгмӕ дарынимӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 фев – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Юстицийы министрад банхъардта бахӕссын ивындзинӕдтӕ фӕсарӕйнӕгты барадон уагӕвӕрды фӕдыл законмӕ. Дыццӕджы ивындзинӕдтӕм ӕркастысты парламенты ӕддагон политикӕ ӕмӕ ӕхсӕнпарламентон бастдзинӕдты фӕдыл комитеты рабадтыл.

Хуссар Иры дыууӕ хатты фӕфылдӕр кодтой хъалонтӕ фӕллойадон мигранттӕн

Юстицийы министр Лалыты Зӕлинӕ банысан кодта депутаттӕн, законмӕ ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы бахӕссын ивындзинӕдтӕ, цӕмӕй тӕрхондоны приставтӕн барадон фадат уа ӕххӕст кӕнын фӕсарӕйнӕгты феддӕдуар кӕныны документ.

"Фӕсарӕйнаг ӕмбӕстӕгтӕ, кӕцыты хъӕуы феддӕдуар кӕнын, сӕрмагонд уагдӕтты конд кӕй хъуамӕ уой, уый фӕдыл законмӕ хъӕуы бахӕссын барады нормӕ: снысан кӕнын сӕрмагонд уагдон, цы ран ацы категорийы ӕмбӕстӕгтӕ конд уыдзысты феддӕдуар кӕныны процедурӕ сӕххӕст кӕныны онг", - хъусын кӕны министры ныхӕстӕ парламенты пресс-службӕ.

Сӕрмагонд уагдоны хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕст кӕндзӕн Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) рӕстӕгмӕдарӕн изолятор. Юстицийы министры ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы скъуыддзаджы фӕдыл развӕлгъау баныхас кодтой МХМ къухдариуӕгадимӕ.

Парламенты пресс-службӕйы информацимӕ гӕсгӕ, ацы ивындзинӕдты фӕстӕ фарстытӕ фӕзынд ӕрмӕст депутаттӕм нӕ, фӕлӕ ма МХМ минӕвӕрттӕм ӕмӕ парламенты юрист-консультанттӕм.

Юрист Мзия Лапачи бахахх кодта, ивындзинӕдты фӕстӕ кӕй хъӕудзӕн раивын законы текст ӕнӕхъӕнӕй.

Рабадты кӕрон депутаттӕ аскъуыддзаг кодтой бахӕссын ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ивындзинӕдтӕ законы текстмӕ ӕмӕ рахӕссын законы проект парламенты президиуммӕ.