Хуссар Иры дыууӕ хатты фӕфылдӕр кодтой хъалонтӕ фӕллойадон мигранттӕн

© Sputnik / Александр Кряжев /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры дыууӕ хатты фӕфылдӕр кодтой хъалонтӕ фӕллойадон мигранттӕн
Хуссар Иры дыууӕ хатты фӕфылдӕр кодтой хъалонтӕ фӕллойадон мигранттӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Закон райсыны фӕстӕ, алкӕцы мигрант дӕр республикӕйӕ куы цӕуа, уӕд хъуамӕ арӕныл бавдиса хъалонтӕ бафидыны тыххӕй справкӕ

ЦХИНВАЛ, 28 мар — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент цыппӕрӕмы бахаста ивындзинӕдтӕ Хъалонон кодексмӕ, кӕцытӕм гӕсгӕ фӕфылдӕр уыдзӕн авансон фиддон фӕсарӕйнаг ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕ кусынц республикӕйы территорийыл.

Абоны онг мигранттӕ фыстой иу мин сом мӕймӕ, закон йӕ тыхы куы бахиза, уӕд хъалон уыдзӕн дыууӕ мин сом.

Мигранттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фӕфылдӕр кодтой хъалонтӕ фӕллойадон мигранттӕн

Хъалонтӕ ӕмӕ фиддонты комитеты сӕргълӕууӕг Кацты Владимиры ныхӕстӕм гӕсгӕ, фарон аз республикӕмӕ ӕрцыдысты дыууӕ мин мигранты, кӕцытӕ бафыстой хъалонтӕ 300 мин сомы, фӕлӕ хъуамӕ бафыстаиккой дӕс милуан сомы бӕрц.

"Контролон-нымайӕн палатӕйы информацимӕ гӕсгӕ, фӕстаг дыууӕ азмӕ республикӕйӕ арвыстой 350 милуан сомы, уыдонӕй бюджет райста минимум", - загъта Кацты Владимир.

Уый ма банысан кодта, алкӕцы мигрант дӕр республикӕйӕ куы цӕуа, уӕд хъуамӕ арӕныл бавдиса хъалонтӕ бафидыны тыххӕй справкӕ.

Депутаттӕ ӕмхъӕлӕсӕй сразы сты бахӕссын ивындзинӕдтӕ Хъалонон кодексмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0