"Град"-ы хӕйттӕ ссардтой Цхинвалы цур

Сармадзаны нӕмгуытӕ, кӕцытӕ ссардтой Хуссар Ирыстоны столицӕйы цур, басгӕрстой республикӕйы УУМ кусджытӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ссардтой "Град"-ы хӕйттӕ. Сармадзаны нӕмгуытӕ тӕссаг нӕ уыдысты, уымӕн ӕмӕ сӕ мидӕг нӕ уыд реактивон ӕртаг ӕмӕ рӕмудзӕн ӕрмӕг, фехъусын кодта уӕлвӕткон уагдоны агурӕн-ирвӕзынгӕнӕн дӕлхайады хистӕр Харебаты Гарик.

"Сымахӕн ис бӕрнон куыст": Хуссар Иры УУМ хыгъдлӕвӕрд радта ивгъуыд азы куыстӕн

Уӕлвӕткон уагдонмӕ бадзырдтой, рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ кӕй ссардтой цхинвайлаг микрорайон "БАМ"-ы цур. Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) кусджытӕ уайтагъд ацыдысты бынатмӕ ӕмӕ басгӕрстой нӕмгуытӕ.

"Цы ӕрмӕджытӕ ссардтой, уыдон сты реактивон системӕ "Град"-ы хӕйттӕ. Уыдон тӕссаг не сты", - радзырдта Харебаты Гарик.

"Град"-ы хӕйттӕ ссардтой Цхинвалы цур