"Иууылдӕр балӕууыдысты мӕ фарсмӕ": Бететы бинонты сифтонг кодтой ӕнӕмӕнгхъӕугӕ дзауматӕй

Паддзахад ӕмӕ хорз адӕм сифтонг кодтой Борджнисы хъӕуы цӕрӕджы, кӕцыйӕн ӕртӕ къуырийы размӕ басыгъд йӕ хӕдзар, ӕнӕмӕнгхъӕугӕ дзауматӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 фев - Sputnik, Хъуылымбегты Елена. Борджнисы хъӕуы цӕрӕг Бететы Ирбег зынгсирвӕзты фӕстӕ баззад ӕнӕ хӕдзар ӕмӕ ӕнӕмӕнгхъӕугӕ дзауматӕй. Уымӕй дарддӕр уый бафыста кредит, кӕцы райста, цӕмӕй бафида хӕс хӕлцадон дуканийы. Ирбеджы истори зындгонд куы ссис Хуссар Ирыстоны, уӕд ын баххуыс кодтой куыд хицауады минӕвӕрттӕ, афтӕ республикӕйы хуымӕтӕг ӕмбӕстӕгтӕ дӕр.

"Зынгсирвӕзты дыккаг бон президент Бибылты Анатолий дзырд радта балӕвар кӕнын стыр вагон фыццаг рӕстӕгӕн. Хицауад мын рахицӕн кодта 100 мин сомы, цӕмӕй балхӕнон ӕнӕмнӕгхъӕугӕ дзауматӕ хӕдзармӕ", - радзырдта Sputnik Ирбег.

Ирбеджы мыггаджы минӕвар Бететы Юрий бакодта банчы номхыгъд, цӕмӕй ӕрӕмбырд кӕной фӕрӕзтӕ. Ирбеджы кредит дӕр сӕхгӕдтой.

Хуссар Иры Дзауы районы басыгъд хисӕрмагонд хӕдзар

"Мӕнӕй ракуырдтой, цӕмӕй ма дзурон хӕзгӕнджыты нӕмттӕ ӕмӕ мыггӕгтӕ, фӕлӕ хорз адӕм сӕхгӕдтой мӕ кредит. Кредиты суммӕ уыд 140 мин сомы, уыцы рӕстӕг мӕнӕн мӕ бон нӕ уыд уый бафидын", - банысан кодта Ирбег.

Республикӕйы бирӕ цӕрджытӕ ӕрбахастой бинонтӕн хӕлцадон продукттӕ.

Зынгсирвӕзт ӕрцыд Бететы бинонты хӕдзары 27 январы, уый фӕстиуӕгӕн сӕ хӕдзар басыгъд ӕмӕ бинонтӕ баззадысты уынджы.