Хуссар Иры президент радта булкъоны ном УУМ хистӕры хӕдивӕгӕн

Мидӕггагон службӕйы дӕлбулкъон Гӕбӕраты Таймураз фарон азы сентябрӕй фӕстӕмӕ у Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий радта радон сӕрмагонд ном "Мидӕггагон службӕйы булкъон" Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гӕбӕраты Таймуразӕн.

Хуссар Ирыстоны президент снысан кодта УУМ ног сӕргълӕууӕджы

Паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй церемони ацыд республикӕйы УУМ-ы. Бибылты Анатолий банысан кодта Гӕбӕраты Таймуразы бӕрнон ахаст куыстмӕ.

"Фӕнды мӕ раарфӕ кӕнын УУМ кусджытӕн Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы боны цытӕн ӕмӕ сын зӕгъын бузныг службӕйы тыххӕй. Сымахӕн ис алы фадат дӕр, цӕмӕй дарддӕр хуыздӕр кӕнат уӕ службӕ", - загъта президент.

Хуссар Иры президент радта булкъоны ном УУМ хистӕры хӕдивӕгӕн

Гӕбӕраты Таймураз 2019 азы сентябрӕй фӕстӕмӕ у УУМ сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг. Уый размӕ уый уыд Хуссар Ирыстоны УУМ паддзахадон зынгфӕдисон цӕстдарды хайады хистӕр, афтӕ ма республикӕйы парламенты ӕхсӕзӕм ӕрсидты депутат парти "Иугонд Ирыстон"-ӕй.