Миллиарды аргъ продукци: куыд куыста Хуссар Иры хъӕууон хӕдзарад 2019 азы

Республикӕйы продукци уадзынц зӕхкусӕгон-фермерон ӕмӕ сӕрмагонд хӕдзарадтӕ, кӕцыты продукци реализаци цӕуы Хуссар Ирыстоны мидӕггагон базары
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъӕууон хӕдзарады амалиуӕггӕнджытӕ 2019 азы рауагътой 944 милуан сомӕй фылдӕры аргъ продукци. Уыдонӕй 93 проценты рауагътой сӕрмагонд хӕдзарадтӕ ӕмӕ авд проценты та зӕхкусӕгон-фермерон хӕдзарадтӕ.

Хуссар Иры хъӕууон хӕдзарады министрад ацы азы тыллӕг ӕмӕ техникӕйы цухдзинады тыххӕй

Уый тыххӕй фехъусын кодта республикӕйы Хъӕууон хӕдзарады министрады сӕргълӕууӕг Пухаты Лев уагдоны хыгъдон рабадтыл, цы ран хайад райста вице-премьер – экономикон райрӕзты министр Бекъойты Геннадий.

Пухаты Левы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ивгъуыд аз ӕрӕмбырд кодтой хоры ӕмӕ хъӕдуры культурӕйы 33819,9 центнеры, уый 10752,4 центнеры фылдӕр у фарон азы ӕмвӕзадӕй.

"Хорзайӕн фылдӕр кӕны 58,5 проценты бӕрц. Афтӕ ма республикӕйы фылдӕр кӕны нартхор ӕмӕ хъӕдуры ӕмбырдкӕнынад 2018 азмӕ абаргӕйӕ 484,5 центнеры бӕрц", - хъусын кӕны Пухаты Левы ныхӕстӕ республикӕйы хицауады пресс-службӕ.

Рабадты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ, вице-премьер бахӕс кодта Хъӕууон хӕдзарады министрады кусджытӕн ауадзын 2020 азы стурты нымӕцы инвентаризаци, фӕфылдӕр кӕнын хъӕууон хӕдзарады зӕххытӕ ӕмӕ дарддӕр уадзын мониторинг республикӕйы эпизоотикон уавӕры фӕдыл.