Ирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцджытӕ рамбылдтой сыгъзӕрин майдантӕ Цӕгат Кавказы фыццагады

Махачкалайы ерысты спортсментӕ тох кодтой ӕрмӕст майдантыл нӕ, фӕлӕ ма Уӕрӕсейы фыццагады хайад райсыныл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 мар — Sputnik. Хъӕбысӕйхӕцджытӕ Цӕгат Ирыстонӕй Тыбылты Георгий ӕмӕ Къозонты Зауыр рамбылдтой сыгъзӕрин майдантӕ Цӕгат Кавказы федералон зылды фыццагады греко-римаг хъӕбысхӕстӕй 23 азы кары онг Махачкалайы.

Тедеты Дзамболаты Александр Невскийы орденæй схорзæхджын кæныны барамынд бафыста Путин

Республикӕйы спорты министрад куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй цӕгатирыстойнаг командӕ турниры рамбылдта дыууӕ сыгъзӕрин, ӕртӕ ӕвзист ӕмӕ ӕхсӕз бронзӕйон майданы. Спортсментӕ тох кодтой ӕрмӕcn майдантыл нӕ, фӕлӕ ма Уӕрӕсейы фыццагады хайад райсыныл.

"Ӕвзист призертӕ ссисты Чертхъоты Уырызмӕг (63 кг), Хуыгаты Алан (87кг) ӕмӕ Тамайты Тимур (97 кг). Бронзӕйон майдантӕ рамбылдтой Боликъоты Хетӕг (55 кг), Булакъаты Давид (63 кг), Гугкаты Давид (67 кг), Георгий Павлиашвили (72 кг), Хуыгаты Азӕмӕт (77 кг) ӕмӕ Букъулты Бачо (82 кг)", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Спортсментӕ цӕттӕ кодтой ерыстӕм Цӕмӕхъаты Нарт, Эмзар Карелидзе ӕмӕ Къӕбысты Аланы къухдариуӕгады бын.