Геноциды эмблемæ: къамис æмæ адæмы æвзæрст

Социалон хызæгты популярон ссисты Пæррæстаты Лана, Хацырты Донат æмæ Кæсойты Аланы сфæлдисгæ эмблемæтæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 мар – Sputnik, Плиты Фатимæ. Ивгъуыд къуыри мемориализацийы фӕдыл къамис равзӕрста ирӕтты геноциды 100-ӕм афӕдзы боны эмблемӕ. Уый фæстæ социалон хызæджы апарахат сты ирон адæмы трагедийы ног символтæ, популярон ссисты Пæррæстаты Лана, Хацырты Донат æмæ Кæсойты Аланы сфæлдисгæ эмблемæтæ.

Къамисы скъуыддзаг æмæ æмткæй эмблемæйы тыххæй социалон хызæгты сарæх сты хъаугъатæ. Иудадзыг æнæразы адæм ам дæр дзурынц сæ хъуыдытæ. Иутæ æфхæрдтой равзаргæ вариант, аннæтæ фаудтой бавдыстгонд æрмæджы ныллæг æмвæзад, æртыккæгтæ та равзæрстой сæхи варианттæ.

Эмблемæйы хицæн хуызтæн сæ табугæнджытæ равæрынц сæ "статусты", æрфидар сæ кæнынц сæ аватаркаты фисынты.

Къамис йæ скуыддзаг куы фехъусын кодта, уæд уый фæстæ адарддæр сты йæ алыварс хъаугъатæ. Социалон хызæг Фейсбукы иууыл популярондæр ссис Пæррæстаты Ланайы вариант. Йæ равзарджыты нымæцы ис радио "Ир"-ы директор Цхуырбаты Алан.

"Цы федтон, уыдонæй иууыл хуыздæр у. Цæсты хауы. Символ, кæцы у ног, ирд æмæ йæ хорз хъуыды кæны адæймаг. Стæй ма йæ æмбарынгæнæн текстæй бæлвырд раргом кодта алкæцы элемент дæр. Иннæтæ мæм фæкастысты сывæллæтты конкурсмæ æнгæс", - загъта Цхуырбаты Алан.

Ацы вариант хуыздæрыл банымадта МХМ-йы кусæг Гатайты Лали дæр.

"Цалынмæ ацы дидинæджы эмблема федтон, уæдмæ мæ зæрдæмæ цыд сылгоймаджы сурæтимæ ныв, фæлæ Ланайы куыст куы ныммыхуыр кодтой, уæд уый равзæрстон", - загъта Sputnik МХМ кусæг Гатайты Лали.

Йемæ разы у Sputnik-ы кусæг Козаты Диана дæр.

Ирон адæмы геноцид банымайыныл бакусдзысты Паддзахадон думæйы фракцитæ иууылдæр

"Уыцы нахуыр цъиуæй дарддæр цыфæндыдæр. Мæ зæрдæмæ цæуы Ланайы вариант, бакодтон йæ мæ нывыл Фейсбукы, фæлæ иууыл хуыздæрыл нымайын Хацырты Донат цы ныммыхуыр кодта, уый", - загъта Диана.

Цхуырбаты Алан ма радзырдта, раппæлинаг кæй нæу конкурс цыбыр æмгъуыд кæй цыд, уый дæр.

"Къамисы хатдзæгты фæстæ цы дыууæ проект федтон Пæррæстаты Ланæ æмæ Кæсойты Аланмæ, уыдон сты зынгæ хуыздæр, фæлæ тынгдæр фыццаг фæцыд мæ зæрдæмæ, дыккаг у зындæрæмбарæн", - бафтыдта уый.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Пæррæстаты Ланайы эмблемæйы хорздзинæдтæй ма иу у æнæ фыдæбонæй эмблемæ бакæнын кæй ис Фейсбукы дæ нывыл, уый.

"Ныры интернеты дуджы Лана сарæзта иууыл ахсджиагдæр къахдзæф, интернеты ацы техникон уавæр кæй сарæзта. Йæ мидис уый мидæг ис, цæмæй дунейæн сæ зæрдыл æрлæууын кæнын, кæй уыд геноцид. Дуне та ныр ис интернеты", - бахахх кодта уый.

Ланайы хæххон дидинæгæн куыд ис табугæнджытæ, афтæ йæм иутæ æрхæссынц фау дæр.

"Конкурсы домæнтæй иу у - эмблемæйæн искуыцæй райсæн нæй. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Пæррæстаты Ланайы эмблемæ тынг æнгæс у Уæрæсейы структурæтæй иу (ГРУ)-йы эмблемамæ,  æввахс лæууы сомихæгты геноциды эмблемамæ дæр", - загъта социалон хызæджы пайдагæнæг.

Хæххон дидинæджы автор йæхæдæг Пæррæстаты Лана бавдыстгонд варианттæй иууыл хъуыздæрыл нымайы Хацырты Донаты куыст.

"Хацырты Донаты эмблемæ фæцыд мæ зæрдæмæ. Тынг концептуалон у. Зæгъæн ис у пацифистты символ", - загъта Sputnik Пæррæстаты Лана.

Социалон хызæг Фейсбукы ма сæ фарсыл арæх сæвæрынц æндæр вариант дæр. Лентæйы цы нывтæ æрттивынц, уыдон ʻхсæн ис Кæсойты Аланы вариант дæр.

"Эмблемайыл ис мæсыгы ныв, кæцы фæцудыдта 1920 азы, æвдыст ма дзы цæуы 20 азæй 20 азмæ сындзджын фæндаг. Мæ хъуыдымæ гæсгæ у хорз", - бамбарын кодта йæ равзæрст Бететы Юрий.