Ирон адæмы геноцид банымайыныл бакусдзысты Паддзахадон думæйы фракцитæ иууылдæр

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейы Паддзахадон думæйы депутат Виктор Водолацкий
Уæрæсейы Паддзахадон думæйы депутат Виктор Водолацкий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейы Паддзахадон думæйы депутат Виктор Водолацкий радзырдта сæрмагонд къорды тыххæй, кæцы бакусдзæн 1920 азы ирон адæмы геноцид банымайыны фарстыл

ЦХИНВАЛ, 12 сен - Sputnik. Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы кусæгон къордмæ, кæцы архайдзæн 1920 азы ирон адæмы геноцид банымайыныл, бацыдысты парламенты фракцитæ иууылдæр, фехъусын кодта Sputnik ХПӔ хъуыддæгтæ, евразиаг интеграци æмæ æмбæстæгтимæ бастдзинæдты фæдыл комитеты сæргълæууæг Виктор Водолацкий.

Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир бахатдзӕн дунейы ӕхсӕнадмӕ ирӕтты геноцид банымайыны фӕдыл

Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны депутаттӕ барвыстой куырдиат ирӕтты геноцид банымайыны фӕдыл Уӕрӕсейы Паддзахадон думӕмӕ ӕмӕ Федерацийы Советмӕ. Уӕрӕсейы Федерацийы Паддзахадон думӕйы спикер Вячеслав Володин фехъусын кодта, Думӕйы Совет кӕй ӕркӕсдзӕн куырдиатмӕ ӕввахсдӕр рабадтыл. Ацы фарсты фæдыл ДУмæйы арæзт æрцыд сæрмагонд кусæгон къорд, йæ сæргъ слæууыд Водолацкий.

Уый банысан кодта, æввахс рæстæджы кæй арвитдзысты куырдиæттæ Уæрæсейы зонæдты академи æмæ историон æхсæнадтæм, цæмæй кусæгон къордмæ æрбарвитой экспертты.

"Ӕввахс 10 боны мах æрæмбырд кæндзыстæм кусæгон къорды æмæ бадзурдзыстæм куысты фæткыл, цæмæй нын стæй нæ хуссарирыстойнаг коллегæтæ бавдисой, цыдæриддæр сæм æрмæджытæ ис геноциды фæдыл, уыдон. Уæд кусæгон къорд лæмбынæг сахуыр кæндзæн 1920 азы цаутæ иууылдæр", - загъта депутат.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, куы бахъæуа, уæд кусæгон къорды уæнгтæ æрцæудзысты Цхинвалмæ дæр, цæмæй бынаты бакусой фарстыл. Афтæ ма Водолацкий равдыста ныфс, Хуссар Ирыстоны парламентарийтæ æмæ зонадон кусджытæ сын кæй бакæндзысты алыварсон æххуыс.

Ног хабӕртты лентӕ
0