Хуссар Иры боксерты командæ стох кæндзæн Минводты турниры

Ерыстæм абалц сты 10-12 азы кары сывæллæттæ, сæ фылдæрæн уый уыдзæн уазæгуаты тох кæныны фыццаг фæлтæрддзинад
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 мар – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны кæстæр кары æмбырдгонд командæ боксæй афæндарст ис Минводты гом турнирмæ. Къорды сконды ис 22 боксеры, фехъусын кодта Sputnik тренер Дзигойты Ацæмæз.

Хуссар Иры боксертæ рамбылдтой фараст сызгъæрин майданы Минводты

Хуссар Иры кад хъахъхъӕндзысты республикӕйы æппæт секцитæй боксертæ.

"Тохтæ райдайдзысты майрæмбоны. Кæстæр къорды спортсментæ сты командæйы, уыдонæн сæ ахадгæ хай нырма фæсарæнты турниры никуы архайдта", - загъта тренер.

Ерыстæ цæудзысты 13-15 марты 2008-2009 æмæ 2010-2011 æзты гуырд спортсменты хсæн.