Хуссар Иры боксертæ рамбылдтой фараст сызгъæрин майданы Минводты

CC0 / / Хуссар Иры боксертæ рамбылдтой фараст сызгъæрин майдан Минводты
Хуссар Иры боксертæ рамбылдтой фараст сызгъæрин майдан Минводты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Командæ фидар æрцыд республикæйы æппæт секциты хъомлыгæнинæгтæй, сæ нымæцы Дзау æмæ Дменисы секциты минæвæрттæ

ЦХИНВАЛ, 25 фев - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны боксерты æмбырдгонд командæ æрхаста фараст сызгъæрин майданы Минводты горæты гом фыццагадæй, ноджы ма астæй та ссисты æвзист призертæ, фехъусын кодта Sputnik боксы тренер Куымæридтаты Родион.

Хуссарирыстойнаг боксертæ хайад райсдзысты Минводы турниры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг боксертæ хайад райсдзысты Минводы турниры

Ерыстæ цыдысты 20 февралæй 23 февральмæ. Уым архайдтой 200 боксеры онг, сæ нымæцы спортсментæ Цæгат Ирæй, Цæцæнæй, Хуссар Ирæй æмæ Цæгат Кавказы æндæр республикæтæй.

"Командæйы уæнгтæй фарастæй рамбылдтой фыццаг бынæттæ, уыдонæй иу Санахъоты Андрей сызгъæрин майданæй дарддæр райста сæрмагонд приз "За лучшую технику" дæр. Уæлахиздзауты нымæцы ма ноджы сты: Гоцъиты Артур, Цхуырбаты Арсен, Гуыцмæзты Руслан, Хуыбылты Азæмæт, Кокойты Лев, Сиукъаты Батрадз, Багаты Марат æмæ Хъæцлæуты Рауль",- загъта тренер.

Ноджы ма аст лæппу та райстой æвзист майдантæ.

Хуссар Ирыстоны командæ фидар æрцыд республикæйы æппæт секциты хъомлыгæнинæгтæй, сæ нымæцы Дзау æмæ Дменисы секциты минæвæрттæ.

Ерысты архайæг фæсивæд бацæттæ кодтой тренертæ: Куымæридтаты Родион, Дзигойты Ацæмæз, Плиты Азæмæт, Кокойты Мурæт, Гæбæраты Гамлет, Тедеты Александр, Лолоты Александр æмæ Джиоты Батрадз.

© Из архива тренера Р. КумаритоваБоксы тренер Куымæридтаты Родион йæ хъомылгæнинæгтимæ
Хуссар Иры боксертæ рамбылдтой фараст сызгъæрин майданы Минводты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Боксы тренер Куымæридтаты Родион йæ хъомылгæнинæгтимæ
Ног хабӕртты лентӕ
0