ЦХИНВАЛ, 18 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны медикты хӕдзарон цӕстдарды бын сты 18 адӕймаджы, кӕцытӕ ӕрцыдысты бӕстӕтӕй, цы ран сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты. Ноджы ӕхсӕз адӕймаджы бакодтой стационарон карантины, фехъусын кодта республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина коронавирусы апарахат ма руадзыны фӕдыл оперативон штабы рабадтыл.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, стационарон пациенттӕм сӕ цӕст дарынц ӕрвылбон, сӕ уавӕр у хорз.
Коцты Марина банысан кодта, алчи кӕй не мбары ахӕм мадзӕлтты ӕнӕмӕнгхъӕуындзинад. Уый ӕрхаста цӕвиттонӕн сылгоймаджы зӕрдӕхсайгӕ симптомтимӕ ӕмӕ йӕ бинонты.
"Сылгоймаджы бакодтой карантины, йӕ бинонты та бакодтой палатӕмӕ дохтырты цӕстдарды бынмӕ. Уыдон ацыдысты карнатинон зонӕйӕ ӕмӕ нӕ фехъусын кодтой уый тыххӕй медиктӕн. Сӕхи тынг агрессивон дардтой ӕмӕ нӕм ӕххуысмӕ ӕрбацыдысты МХМ кусджытӕ, кӕцытӕ сӕ фӕстӕмӕ бакодтой карантины", - радзырдта уый. Анализты равдыстой, сылгоймагӕн коронавирус кӕй нӕй.
Оперативон штабы рабадтыл президент Бибылты Анатолий бахахх кодта, ахӕм цауты рӕстӕджы картинмӕ кӕй хъӕуы ӕрвитын тыхӕй.
"Алкӕцы адӕймаг дӕр хъуамӕ ӕмбара, уый кӕй ӕндавы ӕрмӕст йӕхи ӕдасдзинадыл нӕ, фӕлӕ ма йӕ хиуӕттыл дӕр", - загъта паддзахады сӕргълӕууӕг.
Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны тобæ сæвæрдтой фæсарæйнаг æмбæстæгтæн республикæйы территоримæ æрбахизыныл, арæнæвæрд нæ хауы æрмæстдæр уæрæсейæгтæм, афтӕ ма сӕхгӕдтой уадзӕн пункттӕ Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕныл. Уымӕй дарддӕр тобӕ сӕвӕрдтой культурон ӕмӕ спортивон мадзӕлттӕ ауадзыныл.
Президенты барамындмӕ гӕсгӕ 18 мартӕй республикӕйы ахуырадон уагдӕтты бакодтой дыууӕкъуырион карантин.