Премьерæ уыдзæн: Цхинвалы равдисдзысты комеди "Сæтти æмæ Бæтти"

Цалдæр боны дæргъы комедийы равдысты хъысмæт уыд дызæрдыггаг, фæлæ ныр аскъуыддзаг кодтой премьерæ саразын, фæлæ уыимæ иумæ сæххæст кæнын "Югосетпотребнадзор"-ы домæнтæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон театры ацæудзæн комедион спектакль "Сæтти æмæ Бæтти"-йы премьерон равдысттæ. Коронавирусы апарахаты тас хынцгæйæ, театры администраци равдыстты размæ æмæ сæ фæстæ сæххæст кæндзæн санитарон службæты домæнтæ, фехъусын кодтой Sputnik ПДТ пресс-службæйы.

Хуссар Иры бадзырдтой студенттӕм, кӕцытӕ коронавирусы тыххӕй ӕрыздӕхынц Уӕрӕсейӕ

Хуссар Ирыстоны 18 мартæй æппæт ахуырадон уагдæтты бакодтой карантин, коронавирусы инфекцийы ныхмæ архайды оперативон штаб радта рекомендаци æппæт спортивон æмæ хиирхæфсæн мадзæлттæ аивын.

"Паддзахадон драмон театры премьерон равдысттæ ацæудзысты 19 æмæ 20 марты. Уавæр хынцгæйæ, сæххæст кæндзыстæм "Югосетпотребнадзор"-ы домæнтæ. Дыууæ боны дæргъы æххæст цæудзысты дезифекцийы мадзæлттæ театры", - загътой уагдоны.

Уым ма радзырдтой, премьерæты фæстæ театр кæй æруромдзæн йæ равдысттæ сæрмагонд барамынды онг.

Амæй размæ ПДТ фехъусын кодта, коронавирусы апарахаты тасæй театр кæй аивта йæ равдысттæ.