Хуссар Иры бадзырдтой студенттӕм, кӕцытӕ коронавирусы тыххӕй ӕрыздӕхынц Уӕрӕсейӕ

CC0 / Pixabay / Хуссар Иры бадзырдтой студенттӕм, кӕцытӕ коронавирусы тыххӕй ӕрыздӕхынц Уӕрӕсейӕ
Хуссар Иры бадзырдтой студенттӕм, кӕцытӕ коронавирусы тыххӕй ӕрыздӕхынц Уӕрӕсейӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Студенттӕн Хуссар Ирыстонӕй, кӕцытӕ ахуыр кӕнынц Уӕрӕсейӕ, уый размӕ рекомендаци радтой ӕрыздӕхын сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ, уымӕн ӕмӕ уӕрӕсейаг ахуырадон уагдӕттӕ хизынц дистанцион ахуырмӕ

ЦХИНВАЛ, 18 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Югосетпотребнадзоры комитет ӕрсидт студенттӕм, кӕцытӕ ӕрцӕуынц Хуссар Ирыстонмӕ Уӕрӕсейы ахуырадон уагдӕттӕй, ӕмӕ сӕ ныййарджытӕм, цӕмӕй хӕдзары бадой. Ацы мадзал ӕххӕст цӕуы, цӕмӕй ма бауадзой ӕрбахизын ӕмӕ апарахат кӕнын коронавирусы бӕстӕйы территорийыл.

Амӕйразмӕ Уӕрӕсейы ахуырадон уагдӕттӕ рахызтысты дистанцион ахуырмӕ коронавирусы пандемийы тыххӕй, фӕсарӕйнаг студенттӕн радтой рекомендаци ӕрыздӕхын сӕ райгуырӕн бӕстӕтӕм.

"Хуссар Ирыстоны территорийыл коронавирусы æрбахызт æмæ апарахат ма руыдзыны нысанæн, сидӕм ӕрцӕугӕ студенттӕм ӕмӕ сӕ ныййарджытӕм, цӕмӕй хӕдзары бадой ӕмӕ фехъусын кӕной се ‘рцыды тыххӕй Югосетпотребнадзоры комитетмӕ", - банысан кодтой уагдоны пресс-службӕйы.

Уӕрӕсейӕ ӕрцӕугӕ студенттӕн ӕмӕ сӕ ныййарджытӕн сӕ бон у фехъусын кӕнын се ‘рцыды тыххӕй ацы номыртӕм: 8-929-810-60-96 ӕмӕ 8-929-805-88-96. Уый фӕстӕ, уыдонмӕ дыууы къуырийы дӕргъы сӕ цӕст дардзысты медиктӕ, бафтыдтой комитеты.

Коронавирус расырдта хуссарирыстойнаг студентты Мæскуыйæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Коронавирус "расырдта" хуссарирыстойнаг студентты Мæскуыйы университеттæй

Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны тобæ сæвæрдтой фæсарæйнаг æмбæстæгтæн республикæйы территоримæ æрбахизыныл, арæнæвæрд нæ хауы æрмæстдæр уæрæсейæгтæм, афтӕ ма сӕхгӕдтой уадзӕн пункттӕ Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕныл. Уымӕй дарддӕр тобӕ сӕвӕрдтой культурон ӕмӕ спортивон мадзӕлттӕ ауадзыныл.

Президенты барамындмӕ гӕсгӕ 18 мартӕй республикӕйы ахуырадон уагдӕтты бакодтой дыууӕкъуырион карантин.

Ног хабӕртты лентӕ
0