Хуссар Иры тӕрхондоны системӕйы ӕрцыд кадрон ивындзинӕдтӕ

Республикӕйы сӕргълӕууӕджы хъӕппӕристӕм ӕркастысты закондӕттӕг органы сессийыл. Уый размӕ кадрон фарстытыл ӕрдзырдтой парламентон комитеты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 мар - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент президенты бавдыстӕй ссӕрибар кодта Табуты Медеяйы Дзауы районон тӕрхондоны сӕргълӕууӕджы бынатӕй.

Хуссар Иры президент снысан кодта йе ‘ххӕстбарджын минӕвары парламенты

Табуты Медеяйы ссӕрибар кодтой йӕ бынатӕй йӕ куысты ӕмгъуыды фӕуды фӕдыл.

Уӕлдӕр тӕрхонгӕнӕг Коцты Олесяйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый йӕхи куысты иттӕг хорз ӕвдыста ӕмӕ фидӕны йӕ бон уыдзӕн хайад райсын тӕрхондоны органты ӕндӕр бынӕттӕм конкурсты.

Дзауы районон тӕрхондоны сӕргълӕууӕг ссис Бестауты Фатимӕ. Йӕ кандидатурӕ депутаттӕ ӕмхъӕлӕсӕй хорзыл банымадтой. Ног бынатмӕ рахизыны фӕдыл Бестауты Фатимӕйы ссӕрибар кодтой Знауыры районон тӕрхондоны сӕргълӕууӕджы бынатӕй.

Цхинвалы районон тӕрхондоны сӕргълӕууӕджы бынатмӕ бавдыстой Пӕррӕстаты Фатимӕйы.