"МИА России сегодня": баззайут хӕдзӕртты уӕ хиуӕтты тыххӕй!

Медиакъорд "Россия сегодня"-йы уӕрӕсейаг ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон проекттӕ ивынц сӕ логотиптӕ. Уый у агентады дзуапп коронавирусы апархатӕн ӕмӕ ӕрсидт йӕ ныхмӕ тохмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 мар - Sputnik. Пандемийы уавӕрты хъӕуы пайда кӕнын элементарон сӕрхизӕны мадзӕлттӕй – сӕрмагонд гиенӕ ӕмӕ изоляци. Уый фӕдыл, хӕдзӕртты баззайгӕйӕ, мах фервӕзын кӕндзыстӕм бирӕты цӕрдтӕ. РИА Новостийы ног хабӕртты службӕтӕ ӕмӕ Sputnik редакцитӕ ӕппӕт дунейы сындӕггай хизынц хӕдзарӕй кусыны режиммӕ, фӕлӕ уӕддӕр иудадзыг дӕттынц сӕ кӕсджытӕн актуалон ӕмӕ раст информаци.

Хисӕрмагонд изоляци у ӕдас ӕмӕ ирвӕзын кӕны нӕхи ӕмӕ не 'ввахс адӕмы дӕр вирусы дарддӕры апарахатӕй. Ӕмӕ нӕ логотипты графикон хӕдзар ӕвдисы уый. Абон уыдон ног хуызы фӕзындзысты  ria.ru-йы, агентады проектты сайттыл, дард ӕмӕ ӕввахс фӕсарӕнты Sputnik-ы, Sputnik радиойы, афтӕ ма сӕ фарсытыл социалон хызӕгты.

Уый у нӕ дзуапп коронавирусы апархатӕн ӕмӕ ӕрсидт йӕ ныхмӕ тохмӕ. Дзыллон информацион фӕрӕзтӕн абоны бон ис ахсджиаг фӕлгонц ӕхсӕнадӕн информаци дӕттыны хъуыддаджы. Баззайут хӕдзӕртты, мах та уын ратдзыстӕм оперативон информаци фӕстаг цауты тыххӕй, афтӕ ма низы профилактикӕ ӕмӕ хъахъхъӕнынады методты тыххӕй.

Цхинвалы сæ куыст æрурæдтой спортивон секцитæ

Азы райдайӕнӕй COVID-19 вирусӕй фӕмард сты мингай адӕм ӕппӕт дунейы, фӕрынчынуӕвджыты нымӕц фылдӕр кӕны ӕрвылбон.

Уӕрӕсейы ныртӕккӕ уавӕр ис цӕстдарды бын. Бӕстӕйы хицауад алцыдӕр аразы, цӕмӕй Уӕрӕсейы столицӕ ӕмӕ регионты ма ‘руадзой апарахат кӕнын коронавирус.

Фӕлӕ мадзӕлттӕ не ‘рхӕссдзысты фӕстиуджытӕ, кӕрӕдзийӕн куы нӕ ‘ххуыс кӕнӕм, уӕд. Ӕрмӕстдӕр иумӕ мах аиуварс кӕндзыстӕм ацы ӕртхъирӕн. Уый фӕдыл мах аскъуыддзаг кодтам раивын нӕ логотиптӕ.

Бахизут уӕхи ӕмӕ уе 'ввахс адӕмы, ӕмӕ - #ӕнӕпаникӕйӕ.