ЦХИНВАЛ, 30 мар – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстонмæ арæны сæхгæды рæстæджы хæлцад ласæг шофыртæ дыууæ къуыри уыдзысты карантиныл. Куыд æххæст цæуы режим, уымæ сæ хъус дардзысты фадыгон дохтыртæ æмæ милиционертæ, фехъусын кодта Sputnik парламенты æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл комитеты хистæр Дриаты Заза.
Уӕрӕсе рӕстӕгмӕ тобӕ сӕвӕрдта арӕны сæрты цӕуыныл коронавирусы пандемийы тыххӕй. Арӕнӕвӕрдтӕ бахызтысты сӕ тыхы 30 мартӕй.
"Хæлцад ласт цæудзæн, хæдтулгæйыл уыдзæн æрмæст шофыр. Уый куы æрцæуа, уæдæй фæстæмæ дыууæ къуырийы уыдзæн хæдзарон уавæрты карантины. Карантины режим куыд æххæст цæуы, уый сгардзысты фадыгон дохтыртæ æмæ милиционертæ", - загъта парламентарий.
Уый ма бафиппайдта, Хуссар Ирыстонмæ чи цæуы Уæрæсейæ, уыдон президенты хæслæвæрдмæ гæсгæ се ʻппæт дæр сгæрст кæй цæудзысты МХМ æрдыгæй.
Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Дунейы вирусӕй ныридӕгӕн фӕрынчын сты 723 мин адӕймаджы 177 бӕстӕйы, сӕ фылдӕр хайӕн схос кодтой, 34 мин адӕймагӕй фылдӕр фӕмард сты.
Къуырисӕры райсомы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Уӕрӕсейы коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты нымӕц у 1 534. COVID-19 вирусӕй фӕмард сты 8 адӕймаджы.