Бибылты Анатолий басгӕрста инфекцион рынчындон эпидемимӕ цӕттӕдзинадыл

Паддзахады сӕргълӕууӕг бабӕрӕг кодта инфекцион бокстӕ, рӕуджыты вентиляцийы аппараттимӕ палатӕтӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 31 мар – Sputnik, Козаты Диана. Президент Бибылты Анатолий бахӕс кодта бацӕттӕ кӕнын инфекцион рынчындон Цхинвалы рынчынтӕ райсынмӕ коронавирусы фӕзынды рӕстӕджы. Паддзахады сӕргълӕууӕг дыццӕджы бабӕрӕг кодта медицинон уагдон, уымӕн радзырдтой ӕмӕ фенын кодтой, цы мадзӕлттӕ райсдзысты пациентты сӕм куы ӕрбакӕной, уӕд.

Президенты цымыдис кодта, куыд ифтонг сты дохтыртӕ хъахъхъӕнӕн фӕрӕзтӕй.

"Ӕз тыхсын дохтыртыл, кӕцытӕ хос кӕндзысты фӕрынчынуӕвджытӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, рынчынтӕн хъуамӕ хос кӕнӕм, уый у уӕ куысты хӕс, фӕлӕ дохтыртӕ куы фӕрынчын уой, уӕд хос та чи кӕндзӕн? Фыццаджыдӕр, хъуамӕ хъуыды кӕнӕм медицинон кусджыты ӕдасдзинадыл", - хъусын кӕны Бибылты Анатолийы ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады сӕргълӕууӕг Тотчиты Георгий радзырдта, рынчындоны кӕй ис хъахъхъӕнӕн халаттӕ, тагъд рӕстӕджы ноджы ӕрбаласдзысты. Афтӕ ма, медицинон уагдоны ӕнхъӕлмӕ кӕсынц химикон хъахъхъӕнынады дарӕсы ӕрбаластмӕ.

Бибылты Анатолий басгӕрста инфекцион рынчындон эпидемимӕ цӕттӕдзинадыл

Уымӕй дарддӕр, президент басгӕрста инфекцион бокстӕ дӕр, кӕцыты ис 18 бынаты, рӕуджыты вентиляцийы аппараттимӕ палатӕтӕ.

"Инфекцион рынчындоны нывӕндыстӕм сӕвӕрын рӕуджыты вентиляцийы дӕс аппараты, фӕлӕ Бибылты Анатолий бахӕс кодта бацӕттӕ кӕныны республикӕйы аппараттӕ иууылдӕр", - банысан кодтой пресс-службӕйы.

Республикӕйы президент бахӕс кодта сӕвӕрын инфекцион рынчындоны аппараттӕ иууылдӕр, цӕмӕй ӕвзӕр уавӕры рӕстӕджы ууыл рӕстӕг мауал хардз кӕной.

Бибылты Анатолий басгӕрста инфекцион рынчындон эпидемимӕ цӕттӕдзинадыл

Афтӕ ма ӕрдзырдтой бирӕпрофилон медицинон центры сӕйраг корпусы пайдакӕнынады фадатыл ӕмбӕстӕгтӕн хоскӕнынӕн инфекцийы фӕзынды рӕстӕджы.

Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны тобæ сæвæрдтой фæсарæйнаг æмбæстæгтæн республикæйы территоримæ æрбахизыныл, арæнæвæрд нæ хауы æрмæстдæр уæрæсейæгтæм, афтӕ ма сӕхгӕдтой уадзӕн пункттӕ Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕныл. Уымӕй дарддӕр тобӕ сӕвӕрдтой культурон ӕмӕ спортивон мадзӕлттӕ ауадзыныл.