Туджы аргъ: нуры, цывзы æмæ имбирь ныр сты "хъæзныджыты халсæрттæ"

Уæлæмæ цы халсæртты æргътæ лидзынц, уыдон номхыгъды сты имбирь, нуры æмæ цывзы - сæ æргътæ схызтысты иу ахæммæ æввахс
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 31 мар – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны столицæйы кæцыдæр халсæартты æргътæ зынгæ фæфылдæр сты дунейы коронавирусы апарахаты фæстæ. Ӕнахуыр стыр æргътыл тæрхджытыл ис нуры, цывзы, лимон, имбирьæн та йе ʻссарæн дæр нæй.

Туджы аргъ: нуры, цывзы æмæ имбирь ныр сты "хъæзныджыты халсæрттæ"

Ацы халсæрттӕ адæмон амындмæ гæсгæ хизынц тæссаг вирусæй, уымæ гæсгæ сæ, уæлæмæ цæугæ æргътæм æнæкæсгæйæ, цӕрджытӕ æлхæнынц æнæвгъауæй.

Уæлæмæ цы халсарты æргътæ лидзынц, уыдон номхыгъды сты имбирь, нуры æмæ цывзы - сæ æргътæ схызтысты иу ахæммæ æввахс.

"Имбирь, цалынмæ æргътæ не схызтысты, уæдмæ уыд 200 сомы, ныр та у тынг зынаргъ ӕмӕ йæ нал ласæм. Судзаг цывзыйы килограмм 250 сомæй схызт 450 соммæ, нуры дæр 200 сомæй ахызт 300-йæ", - загъта Sputnik дуканийы кусæг.

Коронавирусы тас канд æргътыл не ʻсхæцыд, фæлæ ма тæрхджытæй фæтары кодта кæцыдæр продукттæ дӕр.

"Цхинвалы имбирь нæй, горæты наркотиктæ æнцондæр ссарæн сты", - загъта халсарты дуканийы уæйгæнæг Инга.

Хуссар Иры президент бахӕс кодта райсын хъусдардмӕ продукттӕ ӕмӕ хосты ӕргътӕ
Sputnik бабæрæг кодта горæты стырдæр халсарты дуканитæ, мæ дзы иуы дæр нæ разынд имбирь.

"Имбирь хъавыдтæн æрласынмæ, фæлæ йæ иу асыкк у 6 мин сомы ӕмæ дзы ис æрмæст фондз килограммы. Уый доллары рæзты æндæвдад нæу, вирусæй адæм тæрсынц æмæ æлхæнынц имбирь æмæ лимон. Стæй ма иутæ фæдзурынц, судзаг дæр кæй мары вирус, уымæ гæсгæ сæ æргътæ хизынц цывзы æмæ нурыйæн дæр", - загъта дуканийы хицау Анжела.

Уымӕй дарддӕр ма Цхинвалы иу дуканийӕ иннӕмӕ дӕр ӕргътӕ дзӕвгар хицӕн кӕнынц - 50-70 сомы онг.

РХИ вице-премьер – экономикон райрӕзты министрады сӕргълӕууӕг Бекъойты Геннадийы ныхæстæм гæсгæ, хицауад йæ хъус дардзæн базары уавæрмæ, цæмæй ӕргътæ æнæбындуронæй уæлæмæ ма хизой.

"Уадзæм æргъты мониторинг æмæ сгарæм продуктты уæвынад дуканиты прокуратурæимæ иумæ. Ӕнæбындуронæй æргътæ куы хизой, уæд сыл æндавдзыстæм. 12 объекты абон басгæрстой, уадиссаг ницы фæзынаргъ ис. Къуыри дыууæ хатты азилынц, ис нæм ивгъуыд мæйы æргътæ мæ сæ уыдонимæ барынц", - загъта Sputnik Бекъойты Геннадий.
Туджы аргъ: нуры, цывзы æмæ имбирь ныр сты "хъæзныджыты халсæрттæ"

Иумæйагæй сисгæйæ дæр фӕстаг мӕй халсæртты æргътæ фæфылдæр сты 20-60 сомы, уый ты фылдæр бæттынц доллары аргъы схызтимæ.

Дунейы коронавирусы апарахаты фæстæ зынгæ фæфылдæр сты кæцыдæр медикаментты ӕргътӕ дæр.