Хуссар Иры карантины режим фехалджытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ивартӕ 20 мины сомы онг

Республикӕйы прокуратурӕйы бацӕттӕ кодтой сӕрмагонд документ уагдӕттӕ ӕмӕ организацитӕн, кӕцытӕ хъуамӕ ӕруромой сӕ куыст карантинон мадзӕлтты рӕстӕджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны каратины рӕстӕджы ӕхгӕд сты 200 объектӕй фылдӕр. Барадхъахъхъӕнӕг органтӕ сгарынц, цӕмӕй базарадон объекттӕ (хӕлцадон дуканитӕ ӕмӕ афтектӕй дарддӕр), ресторантӕ, рӕсугъддзинады салонтӕ ӕмӕ уазӕгдӕтты хицӕуттӕ ӕххӕст кӕной хицауады уынаффӕ. Документмӕ гӕсгӕ бакодтой арӕнӕвӕрдтӕ карантины рӕстӕджы.

Хуссар Иры медицинон центр райста уæлæмхас æрмæг

Республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) сӕргълӕууӕг Наниты Игорь куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй уагдоны инспектортӕ ныридӕгӕн басгӕрстой 227 объекты.

"Ацы объектты хицӕутты бафӕдзӕхстой, цӕмӕй рӕстӕгмӕ ӕруромой сӕ куыст. Нӕ кусджытӕ бон дыууӕ хатт сгарынц ацы бынӕттӕ, ӕмӕ сӕ хъус дарынц карантинон мадзӕлттӕ ӕххӕст кӕнынмӕ", - банысан кодта министр.

МХМ сӕргълӕууӕг радзырдта, басгӕрст кӕй сбӕрӕг кодта ӕрмӕстдӕр иу фехӕлды. Цхинвалы кафетӕй иуы, карантинмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, уыдысты уазджытӕ. Милицийы кусджытӕ сарӕзтой протокол ӕмӕ бадӕттой фӕткхалӕджы фӕдыл информаци республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Маринамӕ.

Карантины режим фехалджыты гӕнӕн ис фӕивар кӕной. Сӕрмагонд документмӕ гӕсгӕ, кӕцы бацӕттӕ кодтой Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы, иварты бӕрц уыдзӕн 100 сомӕй 20 мин сомы онг.

"Эпидемийы ныхмӕ мадзӕлттӕ куы нӕ ӕххӕст кӕной, уӕд ӕмбӕстӕгты бафӕдзӕхсдзысты кӕнӕ та сӕ фӕивар кӕндзысты 100 сомӕй 500 сомы онг. Службӕйы лӕгты – 500 сомӕй иу мин сомы онг. Амалиуӕггӕнджыты, кӕцытӕ нӕ бакодтой юридикон гоймагдзинад фӕивар кӕндзысты 500 сомӕй иу мин сомы онг кӕнӕ та сын ӕруромдзысты сӕ куыст 90 суткӕйы онг, юридикон гоймӕгты та фӕивар кӕндзысты 10 мин сомӕй 20 мин сомы онг кӕнӕ та сын ӕруромдзысты сӕ куыст 90 суткӕйы онг", - бахахх кодтой Генералон прокуратурӕйы.

Республикӕйы хицауад 28 марты бакодта карантинон мадзӕлттӕ республикӕйы коронавирус COVID-19-ы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн. Апрелы райдайӕны министрты кабинет бахаста ивындзинӕдтӕ ацы уынаффӕмӕ ӕмӕ сӕхгӕдта карантиныл ноджы цалдӕр объекты.

Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны тобæ сæвæрдтой фæсарæйнаг æмбæстæгтæн республикæйы территоримæ æрбахизыныл, арæнæвæрд нæ хауы æрмæстдæр уæрæсейæгтæм, афтӕ ма сӕхгӕдтой уадзӕн пункттӕ Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕныл. Уымӕй дарддӕр тобӕ сӕвӕрдтой культурон ӕмӕ спортивон мадзӕлттӕ ауадзыныл.