Хуссар Иры скъолатӕ хизынц дистанцион ахуырады хицӕн нывӕзттӕм

Сфӕлваргӕ нывӕзтты нымӕцы сты  "Дневник.ру", "Zoom",  "Фоксворд" ӕмӕ "WhatsApp", ӕрмӕст хъуыддаг къуыхцы кӕны интернеты мӕгуырау гъӕды аххосагӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 апр – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны ахуырадон уагдӕттӕ биноныг кӕнын райдыдтой дистанцион ахуырады хицӕн хуызтӕ. Ахуыргӕнджытӕ ӕвзарынц "Дневник.ру", " Фоксворд" ӕмӕ "WhatsApp", фехъусын кодтой Sputnik ахуырады министрады пресс-службӕ.

Хуссар Ирыстоны скъолаты уалдзыгон каникулты фӕстӕ адарддӕр кодтой карантин коронавирусы апарахаты тасӕй.

"Ахуырады министрады барамындмӕ гӕсгӕ скъолатӕ карантины рӕстӕг рахызтысты дистанцион системӕтӕм гӕсгӕ ахуырмӕ. Тестон режимы уал пайда кӕнынц иууыл ӕнцонвадатдӕр "Дневник.ру", " Фоксворд" ӕмӕ "WhatsApp", - загътой пресс-службӕйы.

Уыимӕ иумӕ интернеты мӕгуырау гъӕд къуылымпы кӕны, дистанцион ахуырадыл чи ис, уыдон хъуыддаг.

"Фыццаг фӕлвӕрдтам "WhatsApp" видеоныхасы руаджы, фӕлӕ ахуыргӕнӕгӕн ӕрмӕст цыппар скъоладзауы баиу кӕныны фадат ис, уымӕ гӕсгӕ рахызтысты ног нывӕзт "Zoom"-ӕй пайда кӕнынмӕ, уым та нын интернеты гъӕд халы нӕ нуӕрттӕ", - загъта ныййарӕг Зӕлинӕ.

Хуссар Иры цӕрджыты бафӕдзӕхстой карантин фехалыны фӕдыл бӕрны тыххӕй

Аннӕ ныййарджыты та тыхсын кӕны, "WhatsApp" руаджы ахуыры рӕстӕджы йӕ зӕнӕгӕй хӕслӕвӕрдтӕ сӕххӕст кӕй нӕ домынц, уый.

"Саразы сӕ мӕ фырт, фӕлӕ сӕм ахуыргӕнӕг не 'ркӕсы", - зӕгъы Оксана.

Карантины баконды размӕ ахуырадон уагдӕтты кусджытӕ иумӕйаг ӕмбырды аскъуыддзаг кодтой, интернетӕй пайда кӕныны фадат кӕмӕн нӕй, уыдон кӕй дӕтдзысты ахуырдзаутӕн хӕслӕвӕрдтӕ.

"Ахуыргӕнджытӕ, кӕцыты ахуырдзаутӕн нӕй фадат интернетӕй пайда кӕнын, науӕд сӕхӕдӕг сты ӕнӕинтернетӕй, уыдон дӕтдзысты хӕслӕвӕрдтӕ ӕмӕ сӕ стӕй сбӕрӕг кӕндзысты карантины фӕстӕ", - хъусын кӕны пресс-службӕ министр Гасситы Наталийы ныхӕстӕ.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Дунейы вирусӕй ныридӕгӕн фӕрынчын сты 1 милуан адӕймагӕй фылдӕр 181 бӕстӕйы.