ЦХИНВАЛ, 9 апр – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны арӕзтадон объектты кусджыты нымӕц фӕкъаддӕр кодтой коронавирусы апарахаты тасы тыххӕй, фӕлӕ уый нӕ бандавдзӕн объекттӕ эксплуатацимӕ раттыны ӕмгъуыдыл, фехъусын кодта Sputnik арӕзтады министрады минӕвар Къацты Сослан.
"Куыстытӕ уагъд цӕуынц къӕлиндарон нывӕзтмӕ гӕсгӕ. Карантин нӕ бандавдзӕн объекттӕ эксплуатацимӕ раттыны ӕмгъуыдыл", - загъта Къацты Сослан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Инвестицион программӕйы арӕзтадон куыстытӕ нӕ ӕрурӕдтой.
"Фӕкъаддӕр кодтой ӕрмӕстдӕр кусджыты нымӕц ӕдасдзинады тыххӕй. Фӕлӕ кусджытыл иууылдӕр вӕййы хъахъхъӕнӕн маскӕтӕ ӕмӕ ӕххӕст кӕнынц низӕй хи бахизыны фӕтктӕ", - банысан кодта арӕзтады министрады минӕвар.
Афтӕ ма уый бахахх кодта, иудадзыг сӕ цӕст кӕй дарынц аразджыты ӕнӕниздзинады уавӕрмӕ.
Хуссар Ирыстоны ныридӕгӕн не сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты. Дыццӕджы президент Бибылты Анатолий расидт 8-ӕй 20-ӕм апрельмӕ ӕнӕкусӕгон бонтӕ. Республикӕйы хицауад сабаты бакодта уӕлӕмхасӕн карантинон мадзӕлттӕ республикӕйы коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн. Уӕрӕсеимӕ арӕн кӕронмӕ сӕхгӕдтой 12 апрелы онг. Марты республикӕйы къухдариуӕгад фехъусын кодта Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕны сӕхгӕды тыххӕй. Республикӕйы ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон бынӕттӕ. Кусынц ӕрмӕстдӕр хӕлцадон дуканитӕ ӕмӕ афтектӕ.