Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны арӕныл активизаци кӕны контрабандон архайд – ПӔК

Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы арӕн хъахъхъӕнджытӕ ӕрурӕдтой контрабандӕйы ӕрбаласт Ленингоры районы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты нысан кӕнынц контрабандон архайды активизаци Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны хсӕн паддзахадон арӕны уылты.

Уагдоны пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй Комитеты арӕнгӕрон службӕйы кусджытӕ ӕмӕ Уӕрӕсейы Федералон ӕдасдзинады службӕйы арӕнгӕрон хайады ӕфсӕддонтӕ ӕрурӕдтой контрабандон базайрӕгты ӕрбаласт Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы.

"Нӕ бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ацы канал сорганизаци кодтой гуырдзиаг сӕрмагонд службӕтӕ, кӕцытӕ ӕрбаздахынц РХИ арӕнгӕрон территорийыл цӕрӕг цӕрджыты, цӕмӕй саразой уавӕртӕ коронавирус COVID-19-ы ӕрбахызтӕн Хуссар Ирыстоны территоримӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Республикӕйы Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) арӕнгӕрон службӕ скъуыддзаг кӕны фарст уголовон хъуыддаг бакӕныны тыххӕй фӕткхалджыты фӕдыл.

Хуссар Иры сарӕзтой ноджы 12 тесты коронавирус рабӕрӕг кӕныны тыххӕй

Афтӕ ма ПӔК банысан кодтой, Гырдзыстоны арӕнгӕрон цӕрджытӕн кӕй нӕ фаг кӕнынц продукттӕ Уӕлвӕткон уавӕр ӕмӕ гуырдзиаг экономикӕйы стагнацийы рӕстӕджы Тбилисы куырдиатмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, кӕцыйы дзырдӕуы, ома бӕстӕмӕ ӕрбацыд бирӕ милуанты аргъ гуманитарон ӕххуыс ӕхсӕнадӕмон организацитӕй.

Уагдоны фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕн, арӕнгӕрон законад фехалыны фӕдыл кӕй хӕсдзысты административон ӕмӕ уголовон бӕрндзинад, афтӕ ма тӕссаг эпидемиологон уавӕры тыххӕй, кӕцы баст у коронавирусы ӕрбахызты фадатимӕ Гуырдзыстоны территорийӕ.

Гуырдзыстоны COVID-19-ӕй фӕрынчынуӕвджыты нымӕц у 230 адӕймаджы, схос кодтой 52 рынчынӕн, ӕртӕ адӕймаджы фӕмард сты. Карантиныл сты 4,8 мин адӕймаджы.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Дунейы вирусӕй ныридӕгӕн фӕрынчын сты 1,5 милуан адӕймагӕй фылдӕр, 87 мин адӕймагӕй фылдӕр фӕмард сты.