Фӕцӕфуӕвӕг цхинвайлаг солдаты арвыстой Дзӕуджыхъӕуы рынчындонмӕ

Ӕвзонг лӕппуйы ӕрбакодтой рынчындонмӕ схъисджын цӕфтимӕ – зианбаййафӕгӕн бахъыгдард сты йӕ цӕстытӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 апр - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты фӕцӕфуӕвӕг ӕрсидтон солдаты аластой Цӕгат Ирыстоны ӕфсӕддон рынчындонмӕ, фехъусын кодта Sputnik республикон бирӕпрофилон медицинон центры сӕйраг анестезиолог ӕмӕ реаниматолог Плиты Александр.

Дохтыр радзырдта, ӕвзонг лӕппуйы кӕй ӕрбакодтой рынчындонмӕ схъисджын цӕфтимӕ къуырисӕры изӕры.

"Пациентӕн бахъыгдард ис йӕ уадул. Йӕ галиу цӕст фесӕфта, фӕлӕ рахиз нырма гӕнӕн ис фервӕзын кӕнын", - загъта Плиты Александр.

Дохтыр бахахх кодта, цӕфтӕ кӕй нӕ хӕссынц ницы тас ӕвзонг лӕппуйы цардӕн.

Хъахъхъӕнынады министрады уадзынц равзӕрстытӕ цауы аххосӕгтӕ ӕмӕ ӕууӕлты фӕдыл.