ЦХИНВАЛ, 14 апр - Sputnik. Югосетпотребнадзор ӕрсидт Хуссар Ирыстоны базарадон организациты хицӕуттӕм райсын мадзӕлттӕ коронавирусон инфекцийы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн.
Уагдоны пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй дуканиты хицӕуттӕ хъуамӕ ма уадзой куыстмӕ инфекцийы симптомтимӕ кусджыты, афтӕ ма сифтонг кӕной кусджыты медицинон маскӕтӕй. Афтӕмӕй, вирусы ныхмӕ фӕрӕзтӕ хъуамӕ ивой алкӕцы дыууӕ-ӕртӕ сахаты. Уымӕй дарддӕр, базарадон объектты кусджытӕ хъуамӕ пайда кӕной антисептиктӕй къухтӕ дезинфекци кӕнынӕн.
"Дезинфекци ауадзынӕн пайда кӕнын дезинфекцион фӕрӕзтӕй, кӕцыты инструкциты фыст ис объекттӕ дезинфекци кӕныны режим вирусон инфекцийы рӕстӕджы", - ӕрсидтысты комитеты.
Афтӕ ма дуканиты хицӕуттӕм ӕрсидтысты, цӕмӕй сорганизаци кӕной куыст радтӕ фӕкъаддӕр кӕныны фӕдыл – базарадон залы адӕмы хсӕн дистанци хъуамӕ уа 1,5 – 2 метры.
Амӕйразмӕ президент Бибылты Анатолий расидт 8-ӕй 20-ӕм апрельмӕ ӕнӕкусӕгон бонтӕ. Республикӕйы хицауад бакодта уӕлӕмхасӕн карантинон мадзӕлттӕ республикӕйы коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн. Уӕрӕсеимӕ арӕн сӕхгӕдтой 1 майы онг. Марты республикӕйы къухдариуӕгад фехъусын кодта Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕны сӕхгӕды тыххӕй. Республикӕйы ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон бынӕттӕ. Кусынц ӕрмӕстдӕр хӕлцадон дуканитӕ ӕмӕ афтектӕ.