Ирон боксер Гасситы Мурӕт радта тест коронавирус рафӕлгъауынӕн

Ирон спортсмен Гасситы Мурӕт ӕрсидт йӕ фанаттӕм баззайын хӕдзӕртты ӕмӕ радзырдта, COVID-19 сбӕрӕг кӕныны тыххӕй кӕй радта тест
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 апр – Sputnik. Дунейы экс-чемпион боксӕй WBA ӕмӕ IBF верситӕм гӕсгӕ Гасситы Мурӕт ӕмӕ УФ Боксы федерацийы сӕргълӕууӕг Умар Кремлев радтой тесттӕ коронавирус сбӕрӕг кӕныны тыххӕй, фехъусын кодта йӕ фарсыл Instagram-ы спортсмен.

Гасситы Мурӕты тох аивтой коронавирусы тыххӕй

Гасситы Мурӕт ныммыхуыр кодта, тест дӕттыны рӕстӕджы йын цы къам систой, уый ӕмӕ фехъусын кодта, сӕ дыууӕйӕн дӕр кӕн уыд ӕппӕрццаг дзуапп.

 

"Знон Кремлев Умаримӕ радтам тесттӕ коронавирусы фӕдыл, абон ӕрцыдысты дзуаппытӕ - мах стӕм сыгъдӕг", - ныффыста боксер.

Ирон спортсмен ма бахатыд адӕммӕ, цӕмӕй баззайой хӕдзӕртты.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми.

Дунейы, ӕртыццӕджы райсоммӕ бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, вирусӕй фӕрынчын сты 1 956 077 адӕймаджы, низ ахаста 125 адӕймаджы цард.