Цхинвалы фӕивар кодтой ӕртӕ дуканийы хицӕутты карантины режим фехалыны тыххӕй

Милицийы кусджытӕ ӕрвылбон сӕ цӕст дарынц Хуссар Ирыстоны карантинон мадзӕлттӕ ӕмӕ хисӕрмагонд изоляцийы режим ӕххӕст кӕнынмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 апр - Sputnik. Милицийы кусджытӕ рейдты рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой карантины режимы фехӕлдтӕ ӕртӕ дуканийы Цхинвалы, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ. Дуканиты хицӕутты ныхмӕ сарӕзтой административон протоколтӕ, кӕцытӕ барвыстой Югосетпотребнадзоры комитетмӕ.

"Цӕрджыты санитарон-эпидемиологон хӕрзвадаты фадыджы законад фехалыны фӕдыл фӕткхалджыты ӕрбаздахдзысты административон бӕрнмӕ", - банысан кодтой уагдоны.

Барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ, хицауады уынаффӕмӕ гӕсгӕ, ӕрвылбон уадзынц рейдон мадзӕлттӕ Хуссар Ирыстоны коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн, сӕйраджыдӕр, сӕ цӕст дарынц карантинон мадзӕлттӕ ӕмӕ хисӕрмагонд изоляцийы режим ӕххӕст кӕнынмӕ.

Хуссар Иры адарддӕр кодтой карантин ӕхсӕнадон бынӕтты 20 апрелы онг

Амӕйразмӕ президент Бибылты Анатолий расидт 8-ӕй 20-ӕм апрельмӕ ӕнӕкусӕгон бонтӕ. Республикӕйы хицауад бакодта уӕлӕмхасӕн карантинон мадзӕлттӕ республикӕйы коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн. Уӕрӕсеимӕ арӕн сӕхгӕдтой 1 майы онг. Марты республикӕйы къухдариуӕгад фехъусын кодта Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕны сӕхгӕды тыххӕй. Республикӕйы ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон бынӕттӕ. Кусынц ӕрмӕстдӕр хӕлцадон дуканитӕ ӕмӕ афтектӕ.