Хуссар Иры МХМ сӕргълӕууӕг саргъ кодта милицийы куыстӕн карантины уавӕрты

Барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ сӕ хъус дарынц республикӕйы хисӕрмагонд изоляци ӕмӕ карантины режим ӕххӕст кӕнынмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министр, милицийы инӕлар-майор Наниты Игорь банысан кодта, уагдоны кусджытӕ бӕрнон ахаст кӕй дарынц сӕ хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнынмӕ, кӕцытӕ баст сты карантинон мадзӕлттимӕ, афтӕ ма сын бузныг загъта оперативон куысты тыххӕй. Уый тыххӕй министр фехъусын кодта уагдоны къухдариуӕгадимӕ фембӕлдыл, хъусын кӕны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Цхинвалы милиционеры фӕрцы фервӕзт саби

Хуссар Ирыстоны марты кӕрӕттӕй бакодтой арӕнӕвӕрдтӕ COVID-19-ы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн. МХМ кусджытӕ сӕ хъус дарынц республикӕйы хисӕрмагонд изоляци ӕмӕ карантины режим ӕххӕст кӕнынмӕ.

Милицийы къордтӕ фембӕлынц Уӕрӕсеимӕ арӕныл уӕзласӕн ӕмӕ пассажирон автотранспортыл ӕмӕ йемӕ ацӕуынц Цхинвалы онг, уый фӕстӕ пассажирты бакӕнынц карантинмӕ республикон рынчындонмӕ. Ахӕм процедурӕ рацӕуынц уӕзласӕн автотранспорты шофыртӕ дӕр. Афтӕ ма милицийы кусджытӕ хъахъхъӕнынц медицинон уагдӕттӕ, цӕмӕй пациенттӕ ма фехалой карантины режим.

Наниты Игорь бахӕс кодта экономикон фыдракӕндтимӕ тохы хайады хистӕрӕн фӕтыхджындӕр кӕнын хъусдард арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ ӕххӕст кӕнынмӕ, кӕцытӕ бакодтой амалиуӕггӕнджыты фӕдыл пандемийы рӕстӕджы.

Уымӕй дарддӕр, рабадты рӕстӕджы министрӕн радзырдтой республикӕйы фӕндӕгтыл уавӕры тыххӕй ивгъуыд къуыри. Хуссар Ирыстоны ӕрцыд ӕртӕ аварийы, кӕцыты фӕстиуӕгӕн бахъыгдард сты цыппар адӕймаджы. Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ ӕрурӕдтой 13 шофыры, кӕцытӕ скъӕрдтой хӕдтулгӕтӕ нозтджынӕй. Иумӕйагӕй барадхъахъхъӕнджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 179 фӕткхалды.

Цхинвалы фӕивар кодтой ӕртӕ дуканийы хицӕутты карантины режим фехалыны тыххӕй

МХМ сӕргълӕууӕг бафтыдта, зӕгъгӕ, кусджыты куыст COVID-19-ы апарахат ма ‘руадзыны фӕдыл хъуамӕ ма бандава сӕ сӕйраг архайдыл фыдракӕндтимӕ тохы фӕдыл.

Республикӕйы хицауад бакодта уӕлӕмхасӕн карантинон мадзӕлттӕ республикӕйы коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн. Уӕрӕсеимӕ арӕн сӕхгӕдтой 1 майы онг. Марты республикӕйы къухдариуӕгад фехъусын кодта Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕны сӕхгӕды тыххӕй. Республикӕйы ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон бынӕттӕ. Кусынц ӕрмӕстдӕр хӕлцадон дуканитӕ ӕмӕ афтектӕ.

Амӕйразмӕ президент Бибылты Анатолий адарддӕр кодта ӕнӕкусӕгон бонтӕ 30 апрелы онг.