Хуссар Иры ветерантӕн Уӕлахизы 75 азмӕ бафиддзысты милуан сомӕй фылдӕр

Ӕхцатӕ рахицӕн кӕндзысты ӕртындӕс ветеранӕн, кӕцытӕ абоны бон цӕрынц Хуссар Ирыстоны, ӕмӕ фӕсчъылдымы архайджытӕн, кӕцыты нымӕц нырма бӕрӕг нӕу
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 апр — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президенты фӕстауӕрцон фондӕй рахицӕн кодтой иу милуан сомӕй фылдӕр Стыр Фыдыбӕстон хӕсты ветерантӕн ӕмӕ фӕсчъылдымы архайджытӕн фиддонтӕ бафидыны нысанӕн, загъта Sputnik финансты министр Хӕбӕлаты Аза.

Хуссар Иры Стыр Уӕлахизы 75 азмӕ ветерантӕ райсдзысты ӕхцатӕ ӕмӕ лӕвӕрттӕ

Апрелы президент Бибылты Анатолий бафыста барамынд фиддонтӕ бафидыны фӕдыл ӕмбӕстӕгты кӕцыдӕр категоритӕн Стыр Уӕлахизы 75-ӕм афӕдзы боны цытӕн. Президенты барамындмӕ гӕсгӕ, ветерантӕн бафиддзысты фӕйнӕ 75 мин сомы, фӕсчъылдымы архайджытӕн та, кӕцыты схорзӕхджын кодтой ССРЦ ордентӕ кӕнӕ майдантӕй, бафиддзысты фӕйнӕ 50 000 сомы.

"Фӕрӕзтӕ ныридӕгӕн бахастой президенты администрацийы номхыгъдмӕ. Фӕйнӕ 75 мин сомы райсдзысты Стыр Фыдыбӕстон хӕсты 13 ветераны ӕмӕ фӕйнӕ 50 мин сомы та фӕсчъылдымы архайджытӕ, кӕцытӕн ис советон хорзӕхтӕ", - загъта Хӕбӕлаты Аза.

Президенты администрацийы радзырдтой Sputnik, ветерантӕ кӕй райсдзысты сӕ фиддонтӕ майы дӕргъы, традицимӕ гӕсгӕ сӕ ратдзӕн президент.

Президенты администрацийы разамонӕджы хӕдивӕг Джуссойты Алан банысан кодта, фӕсчъылдымы архайджытӕ гӕнӕн ис разыной ӕртӕйӕ фылдӕр – сӕ нымӕц сын бӕрӕг кӕнынц.