Хуссар Иры иу суткӕмӕ не сбӕрӕг кодтой COVID-19-ӕй рынчынты

Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуырийӕ фыццаг хатт нӕ фӕивта коронавирусӕй рынчынты нымӕц. Ныртӕккӕ республикӕйы сбӕрӕг кодтой COVID-19-ӕй 23 фӕрынчынуӕвӕджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 май - Sputnik, Козаты Диана. Ивгъуыд суткӕйы цы тесттӕ ауагътой, уыдонӕй иу дӕр нӕ равдыста коронавирусы уӕвынад, радзырдта Sputnik Югосетпотребнадзоры комитеты сӕрдары хӕдивӕг Гаглойты Анна.

"COVID-19-ӕй ног фӕрынчынуӕвджыты не сбӕрӕг кодтам. Хуссар Ирыстоны 12 маймӕ сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 23 рынчыны. Медицинон хъусдарды бын сты 300 адӕймаджы", - загъта Гаглойты Анна.

Коронавирусӕй фыццаг фӕрынчынуӕвӕджы сбӕрӕг кодтой ивгъуыд къуыри. Уый фӕстӕ рынчынты нымӕц ӕрвылбон фылдӕр кодта.

Хуссар Иры скъолаты карантин адарддӕр кодтой ахуырадон азы фӕудмӕ

Амӕйразмӕ республикӕйы къухдариуӕгад баххуыс кодта уӕрӕсейаг ӕфсӕддон ахуырадон уагдӕтты курсанттӕн ӕрыздӕхын сӕ фыдыбӕстӕмӕ. Фӕрынчынуӕвджыты фылдӕр хай сты уыцы курсанттӕ.

Хуссар Ирыстон 6 майы онг ӕнтыстджынӕй тох кодта республикӕмӕ коронавирусон инфекцийы ӕрбахызтимӕ. Марты кӕрӕттӕй ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ, тобӕ сӕвӕрдтой адӕмы массон ӕмбырдтыл ӕмӕ автотранспорты змӕлдыл.

Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты хизыныл тобӕ сӕвӕрдтой 5 апрелы ӕмӕ адарддӕр уыдзӕн 31 майы онг, кӕронмӕ ӕхгӕд у республикӕйы арӕн Гуырдзыстонимӕ.