"Уæ ахуыр - нæ фидæны бындур": президент радта стипендитæ ХИПУ хуыздæр студенттæн

Ацы аз президент дидинджыты бæсты балæвар кодта студентæн фæлмæн хъазæнтæ æмæ банысан кодта гендерон æнæрастдзинад се’ хсæн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 май - Sputnik, Гæбæраты Ян. Студентты æнтыстытæ ахуыры æвзæрын кæнынц ныфс, бæстæ æмæ зонадæн кæй уыдзæн размæцыд фидæн, загъта Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ХИПУ-йы хуыздæр студенттæн президентон стипендитæ дæттыны церемонийы.

"Уæ ахуыр - нæ фидæны бындур": президент радта стипендитæ ХИПУ хуыздæр студенттæн

Президенты администрацийы бæстыхайы традицион церемонимæ æрбамбырд сты дæсгай хæрзфæлыст чызджытæ æмæ æрмæстдæр иу лæппу.

"Фæнды мæ зæгъын сымахæн бузныг уæ цæсгомджын ахасты тыххæй ахуырмæ, сымах иннæ студентæн дæр стут дæнцæг. Уæ ахуырæй æвæрут фидар бындур нæ республикæйы æнтысджын фидæнæн ", - загъта Бибылты Анатолий студенттæн.

Ӕрæмбырдуæвджыты хсæн уыдысты ХИПУ-йы ирон æвзаджы, юриспрудеци æмæ математикæйы факультетты студенттæ.

"Уæ ахуыр - нæ фидæны бындур": президент радта стипендитæ ХИПУ хуыздæр студенттæн

Президент банысан кодта, фембæлды кæй уыд æрмæстдæр иу æвзонг лæппу.

"Ам ис гендерон æнæрастдзинад, фæлæ мæ уырны, кæй ис бирæ лæппутæ, кæцытæ дæр ахуыр кæнынц хорз æмæ иннæ аз райсдзысты ступендитæ. Афтæ иу сын зæгъут", - æрсидт бæстæйы сæргълæууæг студенттæм.

"Уæ ахуыр - нæ фидæны бындур": президент радта стипендитæ ХИПУ хуыздæр студенттæн

Ирон æвзаг æмæ литературæйы студенткæ Къуылыхты Анна бузныг загъта Бибылты Анатолийæн мадæлон æвзаджы проблемæтæм йæ æппынæдзух хъусдарды тыххæй.

"Нæ нысан – бахъахъхъæнын мадæлон æвзаг æмæ нын æнтысгæ дæр бакæндзæн", - загъта студенткæ.

Мадзалы кæрон президент бакодта ноджы иу лæвар – æцæг пулемет ППШ. Уый йæ лæвар радта ректор Тедеты Вадиммæ æмæ равдыста ныфс, уый кæй суыдзæн ахуырадон уагдоны музейы экспонат.

"Уæ ахуыр - нæ фидæны бындур": президент радта стипендитæ ХИПУ хуыздæр студенттæн