Хуссар Иры цыппæрæм бон фæд-фæдыл нæй коронавирусæй ног фæрынчынуæвджытæ

Коронавирусæй фыццаг фæрынчынуæвджытæ нырма дæр сты дохтырты хъусдарды бын, банысан кодтой "Югосетпотребнадзор"-ы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 май – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны цыппæрæм бон фæд-фæдыл не сбæрæг коронавирусæй ног фæрынчынуæвджытæ, цифрæтæ нæ ивынц ивгъуыд хуыцаубонæй фæстæмæ, загъта "Югосетпотребнадзор"-ы сæргълæууæджы хæдивæг Гаглойты Анна.

Хуссар Иры карантинӕй рахызт курсантты фыццаг къорд

Фæстаг цыппар фæрынчынуæвæджы республикæйы сбæрæг кодтой 16 майы. Уымæй дарддæр ма фæстаг æртæ боны дæргъы карантинæй рахызтысты æмбæстæгты цалдæр къорды, се хсæн УФ æфсæддон ахуыргæнæндæтты курсанттæ.

"115 тесты сарæзтам "Югосетпотребнадзор"-ы лабораторийы, уыдонæй иу дæр нæ равдыста æвæрццаг фæстиуæг", – загъта Гаглойты Анна.

Уый ма банысан кодта, ацы бонты ма кæй ауагътой æмбæстæгты æртæ къорды, кæцытæ уыдысты рынчындоны карантиныл. Уымæй дарддæр ма сæ хæзæрттæм аугътой курсантты дæр, кæцытæ æрцыдысты Рязанæй æмæ уыдысты Дзауы рынчындоны. Цыппæрæмы та фæуыдзæн карантин курсантты æндæр къордæн.

Уыимæ ма "Югосетпотребнадзор"-ы сæргълæууæджы хæдивæг фехъусын кодта, коронавирусæй фыццаг фæрынчынуæвджытæ нырма дæр сты дохтырты хъусдарды бын.

Уымæй дарддæр ма медиктæ сæ хъус дарынц 248 адæймагмæ.