Никуы ферох кӕндзыстӕм: Хуссар Ир хъынцъым кӕны Зары трагедийы амӕттӕгтыл

Зары трагедийы фыдохы митинг ӕрӕмбырд кодта сӕдӕгай адӕмы. Уыдон сӕвӕрдтой дидинтӕ фӕмардуӕвджыты мемориалмӕ ӕмӕ сын ссардтой сӕ рухс нӕмттӕ иу уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 май - Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Зары трагеди у Хуссар Ирыстоны ныры историйы ӕгъатырдӕр цаутӕй сӕ иу. Ӕрвылаз 20 майы Зары хъӕуы сӕрмӕ мемориалы раз ӕрӕмбырд вӕййынц сӕдӕгай адӕм.

Абон дӕр, ӕртыццӕджы, карантинон мадзӕлттӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, Зары хъӕуы 'рдӕм ацыд хӕдтулгӕты даргъ колоннӕ.

Цыртдзӕвӕны раз митингы райдайӕнмӕ ӕрӕмбырд сты сӕдӕгай адӕм. Сӕ нымӕцы – бӕстӕйы уагдӕттӕ ӕмӕ министрӕдты минӕвӕрттӕ, солдаттӕ, амалиуӕггӕнджытӕ, президент Бибылты Анатолий, Зары трагедийы амӕттӕгты хицӕуӕттӕ, журналисттӕ.

Никуы ферох кӕндзыстӕм: Хуссар Ир хъынцъым кӕны Зары трагедийы амӕттӕгтыл

Мемориалмӕ фыццаг дидинтӕ сӕвӕрдта Бибылты Анатолий. Респпубликӕйы цӕрджытӕ дыууӕн минутмӕ ӕввахс цыдысты мемориалмӕ.

Дидинтӕ сӕвӕрыны церемонийы фӕстӕ республикӕйы президент ралӕууыд ӕрӕмбырдуӕвджыты раз.

"Дыууын аст азы мах цӕуӕм ардӕм, цӕмӕй ссарӕм Зары трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ. Уыцы рӕстӕг амӕттӕгты хиуӕттӕ калынц сӕ цӕссыгтӕ. Ӕмӕ ныры онг Гуырдзыстоны нӕ разынд иу лӕг, кӕцы ракурдзӕн хатыр ацы ӕвирхъау фыдракӕнды тыххӕй", - загъта президент.
Никуы ферох кӕндзыстӕм: Хуссар Ир хъынцъым кӕны Зары трагедийы амӕттӕгтыл

Иу уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйы фӕстӕ Бибылты Анатолий адарддӕр кодта йӕ раныхас ӕмӕ дзырд радта, Хуссар Ирыстон дарддӕр кӕй тырндзӕн, цӕмӕй банымайой ирон адӕмы геноцид.

"Мах хъуамӕ макуы ферох кӕнӕм фӕмардуӕвджыты, мах хъуамӕ адарддӕр кӕнӕм уыцы хӕслӕвӕрд, кӕцыйы тыххӕй мардтой нӕ адӕмы", - загъта президент.
Никуы ферох кӕндзыстӕм: Хуссар Ир хъынцъым кӕны Зары трагедийы амӕттӕгтыл

Зары трагеди нымад æрцыд Хуссар Ирыстоны ног историйы иууыл æгъатырдæртæй сæ иуыл, йæ амæттаг баисты 36 адæймаджы, 12 райстой цæфтæ. Фæмардуæвджытæй иууыл кæстæр уыд 11-аздзыд сывæллон, иууыл хистæрыл та цыд 76 азы.

Абон Хуссар Ирыстоны æруагътой паддзахадон тырысатæ Зары трагедийы амæттæгты мысæнæн. Фыдракæнды бынаты фæмардуæвджыты цыртмæ сæвæрдзысты дидинтæ, ацæудзæн дзы фыдохы митинг.