Центр "Лидер"-ы сапертæ не 'рцæудзысты Хуссар Ирмæ пандемийы тыххæй

Уæрæсейаг сапертæ 2016 азæй фæстæмæ æххуыс кодтой респуьликæйы территори минæтæй ссыгъдæг кæныны хъуыддаджы. Хуссар Иры УУМ радзырдтой, цæмæннæ ацæудзæн мадзалы фæндзæм этап
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 май — Sputnik, Гæбæраты Элина. Уæлдай тæссагдæр ирвæзынгæнæн операцитæ уадзыны фæдыл уæрæсейаг Центр "Лидер"-ы саперты бон не суыдзæн 2020 азы æрцæуын Хуссар Ирыстонмæ пандемийы тыххæй, фехъусын кодта Sputnik республикæйы Уæлвæткон уавæрты министры фыццаг хæдивæг Бестауты Ацæмæз.

Хуссар Иры территорийыл сапертæ ссартой 200 рæмудзæн æрмæджы

Ацы аз хъуамæ уагъд æрцыдаид республикæйы территори гуырдзиаг-ирон хæстæй баззайæг минæтæй ссыгъдæг кæныны фæндзæм этап.

Фыццаг хатт  "Лидеры" сапертæ æрцыдысты республикæмæ 2016 азы. Уыдон асыгъдæг кодтой сæдæйæ фылдæр гектары - куыстыты фæстиуæгæн ссардтой æмæ сæнæзианхъом кодтой минæй фылдæр рæмудзæн æрмæджы.

"Сапертæ Хуссар Иры территори минæтæй сыгъдæг кодтой цыппар азы фæд-фæдыл. Ацы аз куыстытæ хъуамæ адарддæр уыдаиккой Зары бæрзæндыл. Минæтæ баззадысты æфсæддон базæты бынæтты æмæ сты тынг тæссаг", - загъта Бестауты Ацæмæз.

Кæй минæтæй тæссаг бынæтты лæууынц сæрмагонд нысæнттæ, уæддæр УУМ уæлæмхасæй сиды цæрджытæм, цæмæй сæхи хъахъхъæной æмæ ма цæуой тæссаг территоритæм.