ЦХИНВАЛ, 22 май — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны иу суткӕмӕ амардысты ноджы ӕртӕ адӕймаджы COVID-19 диагнозимӕ, фӕмардуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у 25 адӕймаджы. Афтӕ ма ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 67 ног рынчыны. Майрӕмбоны райсоммӕ фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у 2523. Уый тыххӕй фехъусын кодтой Роспотребнадзоры.
- 1035 адæймаджы сты амбулаторон хоскæнынады.
- 92 хос кæнынц республикæйы медицинон уагдæтты.
- 1371 рынчыны сæнæниз сты.
- 25 адӕймаджы амардысты.
Медицинон хъусдард æмæ хиизоляцийы æдæппæт ис республикæйы 1142 цæрæджы. Хъусдардæй (хиизоляци) ист æрцыдысты 5796 адæймаджы.
Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Коронавирусӕй фӕрынчын сты 5 милуан адӕймагӕй фылдӕр, 330 мин рынчынӕй фылдӕр амардысты.