ЦХИНВАЛ, 21 май – Sputnik, Плиты Фатимæ. Уæрæсейаг æфсæддон уæлдæр ахуыргæнæндæтты курсантты иу хай, кæцытæ æрыздæхтысты Хуссар Ирыстонмæ майы райдайæны æмæ сты дыууæкъуырион карантины республикон бирæпрофилон медицинон центры, æртыццæджы хивæндæй ацыдысты рынчындонæй æмгъуыдæй раздæр.
Амæй размæ ма хъусын кодтам, ахуыры рæстæг æмгъуыдæй раздæр кæй фæцис, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстонмæ æрыздæхтысты 250 курсанты Уæрæсейы æфсæддон вузтæй. Сæ райгуырæн бæстæм æрцыды фæстæ уыдон бакодтой карантины.
Цæстæйфенджыты ныхæстæм гæсгæ, æдæппæт карантинæй алыгъдысты 25 курсанты, уайтагъд сæ агурын райдыдтой барадхъахъхъæнæг органты минæвæрттæ.
"Боны дыууæ сахатмæ æввахс æвзонг лæппутæ æвæрдтой сæ хызынтæ хæдтулгæйы рынчындоны цур. Фыццаг ахъуыды кодтон, сæ карантины æмгъуыд кæй фæцис, фæлæ фæстæдæр бамбæрстон, уыдон цæуынц хивæндæй. Рынчындоны цур æрæмбырд сты адæм æмæ милицийы кусджытæ. Уый фæстæ ацыдысты, сæ фæстæ та милицийы машинæ", - загъта Sputnik инциденты фенæг.
Фæстæдæр рабæрæг ис, курсантты кæй раздæхтой фæстæмæ карантинмæ.
МХМ æмæ Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадты нырма комментаритæ нæ радтой цауы фæдыл.
Амæй размæ æнгæс цау уыд Абхазы республикæйы дæр, уым дæр фæткхалджыты нымæцы уыдысты Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæтты курсанттæ.