ЦХИНВАЛ, 1 июн — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ноджы ӕртӕ адӕймаджы амардысты COVID-19 диагнозимӕ, фӕмардуавджыты иумӕйаг нымӕц у 56. Афтӕ ма иу суткӕмӕ коронавирус сбӕрӕг кодтой республикӕйы 50 цӕрӕгӕн, фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у 3 055 адӕймаджы.
- 934 адæймаджы сты амбулаторон хоскæнынады.
- 100 хос кæнынц республикæйы медицинон уагдæтты.
- 1965 рынчыны сæнæниз сты.
- 56 адӕймаджы амардысты.
Медицинон хъусдард æмæ хиизоляцийы æдæппæт ис республикæйы 1159 цæрæджы. Хъусдардæй (хиизоляци) ист æрцыдысты 6892 адæймаджы.
Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Коронавирусӕй фӕрынчын сты ӕхсӕз милуан адӕймагӕй фылдӕр, 372 мин рынчынӕй фылдӕр амардысты.